Наркотикон буарадты дозæтæм æмæ ахстæй æфхæрдтæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад парламентмæ ног закъондæттæн инициативæ бавдисдзæн
Гуырдзыстоны хицауад наркотикон буарадты дозæтæм æмæ ахстæй æфхæрдтæм гæсгæ, парламентмæ ног закъондæттæн инициативæ бавдисдзæн.
Фыццаг Къаналæн парламенты æнæнизхъахъæды комитеты сæрдар Акакий Зоидзе куыд расидтис афтæмæй, æхсæнуагдонон камисы абоны рабадтыл уынаффæ , уыцы закъондæттæн ивындзинæдтыл нæ сырæзт, кæцыты кæсын закъондæттæн органы рæстæгмæ урæд у æмæ кæцытæ наркополитикъæйы либерализацимæ æххæссынц.
Йæ информацийæ, æхсæнуагдонон камис дыууæ конкретон æнхъарæн æркастис, кæцытæй иуæй-иу мониторингы куысты центры саразыны фарстмæ æххæссыд, дыккаг з психоактивон æмæ наркотикон буарадтыл дозæты фæбæрæг кæныны фарстмæ.
Депутат конкрет кæны, цæмæй ног закъондæттæн ивдтытæ æмбæлынц хицауады æмæ сыл уынаффæ закъондæттæг органы иницирдзинады фæстæ райдайдзæн, фæлæ параллелонæй консультацитæ адарддæр уыдзысты наркоплитикæйы либерализацийы фæдыл цæттæ закъондæттæн пакетыл дæр.
Фарсты дзуаппæн, куыд гæнæн ис, ног закъондæттæн ивдтытæ уыцы адæймæгтæм дæр баххæссой, кæцытæн ныридæгæн ахстæй æфхæрд стæрхон кодтой, Зоидзе дзуры, цæмæй гæнæн ис зæгъгæ уыдоны хъуыддæгтæ ногæй æркæсой.
Мониторингы куысты центры саразыны скуыддзагæй та Зоидзе райгонд у æмæ дзуры, цæмæй ацы куысты руаджы, бæрæг суыдзæн, нарктикты æрдгæй бæстæйы уæвæг уавæрмæ куыд бандавдзысты закъондæттæн ивдтытæ, цас наркопайдагæнæг адæймаг ис æмæ наркополитикæйы æрдæм куыд раст у бæстæйы архайæг политикæ.
Парламенты æнæнизхъахъъæды комитет ныридæгæн йæ фарс рахæцы наркополитикæйы либерализацимæ гæсгæ закъондæттæн ивдтытæн, кæцыты иуæй-иу автор у йæхæдæг Акакий Зоидзе. Фæнысангонд проекты каст, сессийыл ацы афонмæ нæ сырæзт æмæ ивдтыты каст, юридикъон фарстыты комитеты дæр дыууæ къуырийæ æрцыд æргъæвд. Процессы фæуромыны æфсон у хицаугæнæг къорды мидæг хъуыдыты хъауджыдæрдзинад. Закъонопроекты ныхмæ сты «Консерватортæ» æмæ цалдæр депутаты.