Гуырдзыстоны хицауад бæстæйы рæзынады 10 азы стратегийыл кусын райдайы
Гуырдзыстоны хицауад бæстæйы рæзынады 10 азы стратегийыл кусын райдайы

«Мах фæнды райдайæм куыст бæстæйы рæзынады 10 азон стратегийыл — 2026 азæй 2035 азы онг периоды. Нæ фæнд кæнæм документ бацæттæ кæнын, кæцы уыдзæн бындур бæстæйы размæцыдæн алы фадыджы дæр» – расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе хицауады абоны рабадтыл.

Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, документ хъуамæ уа цыбыр, бæлвырд нысангонд, конкретон нысæнттæ æмæ хæслæвæрдтимæ, афтæ ма сæ реализацийы æмæ сæххæст кæныны æмгъуыдтимæ.

“Бæлвырддæр информаци æргомгонд æрцæудзæн фæстæдæр. Уырны мæ, гæнæн кæй уыдзæн ацы документ кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ йæ ныммыхуыр кæнын тагъд рæстæджы. Уыдзæн нæм иттæг бæлвырд архайæн пълан, кæцы сифтонг кæндзæн нæ бæстæйы æнæфæцудгæ æмæ стабилон рæзт æввахс азты. Хъæуы ныртæккæ райдайын кусын ацы документыл, цæмæй райсæм хæрзхъæд амынддзинæдтæ нæ фидæны архайдтытæн”, — загъта Ираклий Къобахидзе.