Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон дунейы 70-йæ фылдæр горæты æндæр æмæ æндæр мадзалтæй уыдзæн нысангонд
Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон дунейы 70-йæ фылдæр горæты æндæр æмæ æндæр мадзалтæй уыдзæн нысангонд

Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон дунейы 70-йæ фылдæр горæты æндæр æмæ æндæр мадзалтæй уыдзæн нысангонд .

Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министрад æмæ фæсарæны Гуырдзыстоны дипломативон бæрнонадты бастдзинадæй, Гуырдзыстоны Хæдбардзинады бон -26-æм май дунейы 70-йæ фылдæр горæты май-июны периоды æндæр æмæ æндæр хуызы мадзалтæй нысан кæндзысты.

Бæрæгбоны фæдыл традиционæй, Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй срухс уыдзысты дунейы æндæр æмæ æндæр нысаниуæгджын бæстыхайтæ.

26-æм майы мадзалты фæлгæтты, Вашингтоны, Фредерик Дугласы номыл хид срухс уыдзæн Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй.

Афтæ дæр Нью-Йоркы «Тайм-Скверы» уæвæг экраныл уыдзæн æвдыст Гуырдзыстоны тырыса æмæ лого. Сан-Францискойы та мэрийы бæстыхайыл Гуырдзыстоны тырыса уыдзæн.

Страсбургы, Европайы Советы бæстыхай срухс уыдзæн Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй.

Францы плангонд у, Парижы 17-æм областы срухс тырысайы хуызты. Мадриды – Сибелисы фæзыуат срухс уыдзæн Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй.

Грецийы, Афинæты централон фантан, Соллоникты та зындгонд зонтыкты манумент.

Афтæ дæр Лиетувайы, Вильнусы, Каунасы æмæ Клайпеды бæстыхæйттæ. Эстонийы, Гуырдзыстоны минæварады бæстыхай.

Канадайы, Ниагара афтæ дæр Оттавайы мэрийы раз уыдзæн уагъд тырысайы фæбæрзонды церемони.

Туркы Гуырдзыстоны тырысайы хуызты срухс уыдзæн Туркы палататы æмæ биржæты иумæйаг бæстыхай. Азербайджаны Гейдар Алиевы центр.

Сомихы, тырыса разындзæн билбордтыл сæйраг сахары.