Гуырдзыстоны юстицийы министрад 2026 азы ИНО-йы паддзахадлон сервисты дунейы форумæн сфысым кæндзæн
Гуырдзыстоны юстицийы министрад 2026 азы ИНО-ы паддзахадон сервисты дунейы форумæн сфысым кæндзæн. Уый фæдыл информаци хъусын кæны юстицийы министрады пресс-куыст.
Афтæма сæ хъусинагæй ИНО-йы паддзахадон сервисты дунейы форумы Гуырдзыстоны ауадзыны гæнæндзинад АИШ-æм Гуырзыстоны юбстицийы министр Рати Брегадзейы æмæ ИНО-йы генералон нымæрдары хæдивæгы фембæлдыл æркастысты. Фæнысангонды фæдыл бæлвырд ИНО Гуырдзыстоны юстицийы министрадæн официалон фыстæгæй фехъусын кодта.
ИНО-йы генералон нымæрдары хæдивæг Ли Джунхуа Гуырдзыстоны юстицийы министрады паддзахадон адлминистрирдзинады фарсдарынæн бузныг дзуры.
«Арфæгæнæг дæн фарсдарыны тыххæй паддзахадон администрирдзинады, куыд хъæддых райрæзты эффективон къухаразæг механизм стынг кæнынæн æмæ нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм Гуырдзыстоны хицауадимæ куыстмæ 2026 азы форуммæ бацæттæ кæнынæн», – банысангонд у фыстæджы.
Рати Брегадзе ИНО-йы генералон нымæрдары Ли Джунхуаимæ АИШ-æм официалон визиты фæлгæтты 2023 азы декабры фембæлдис. Гуырдзыстоны юстицийы министр хаххгондæй банысан кодта, цæмæй цырд, эффективон æмæ фæлхасгæнæгыл ориентацигонд падзахадон сервистæ Гуырдзыстоны юстицийы министрады æмæ хицауады визитон картæ у; уый рæувадатдзинад та уагдон иудадзыгæй хуыздæр кæны, уый нымæцы цифрон æмæ инновацион технологиты æрфидар кæныны фæрцы.
ИНО-йы паддзахадон сервситы форумы æрвылазонæй æндæр æмæ æндæр бæстæйы 800-æй 1000-ы онг минæвар исы хайад, сæ нымæцы паддзахадты лидертæ, акæнæг политиктæ æмæ æндæр æмæ æндæр секторы минæвæрттæ. Форумы фæлгæтты хайадисджытæ паддзахадон сервисты æрдгæй нырыккон расидтытыл, инновацион практикæты æмæ стратегион райрæзты фадæттыл фæуынаффæ кæнынц.