Гуырдзыстоны иугонд командæйы  æмæ «Миланы» легендæты фембæлд фыццаг къаналы #1TVSPORT
Гуырдзыстоны иугонд командæйы æмæ «Миланы» легендæты фембæлд фыццаг къаналы #1TVSPORT

Абон Гуырдзыстоны ветеранты командæ фембæлдзæн «Миланы» легендæтимæ. Фембæлды организатортæ сты Тбилисы мерия æмæ Гуырдзыстоны футболы федераци, фыццаг канал та матчы фæдыл комкоммæ репортаж Михеил Месхийы номыл стадионæй 19:00 сахатыл бавдисдзæн.
«Миланы» легендæты стыр къорд Тбилисмæ 20-æм сентябры æрцыд. Уый размæ уазæг къорды цалдæр уæнг уыдысты Гуырдзыстоны. Гуырдзыстоны æмбырдгонд фысым стадионы фæстаг тренировкæ дæр сарæзта 20-æм сентябры.
Фембæлдмæ билеттæ уæй цæуынц TKT.GE порталыл, билетты аргъ у 10, 30 æмæ 50 ларийы. Алы æлхæнæгæн дæр йæ бон у æппынкъаддæр дыууæ билеты балхæнын фембæлдмæ бацæуынæн.