Гуырдзыстоны фылдæр хус боныгъæд ахæсдзæн 1-æм декабрмæ, иуæй-иу рæтты къæвда 1-æм декабрæй, уæлхох рæтты та митуард
Гуырдзыстоны фылдæр хус боныгъæд ахæсдзæн 1-æм декабрмæ, иуæй-иу рæтты къæвда 1-æм декабрæй, уæлхох рæтты та митуард

Алфæмблайы националон агентад 29-30 ноябры æмæ 1-æм декабры æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, фылдæр хус боныгъæд Гуырдзыстоны 1-æм декабры онг фæуыдзæн, 1-æм декабрæй та иуæй-иу рæтты уардзæн къæвда æмæ бæрзонд хæхты та ихуард уыдзæн.

Тбилисы фылдæр хус боныгъæд уыдзæн фиксиргонд, боныгон уæлдæфы температурæ +13, +15 градус уыдзæн.

«Денджызы былгæрон районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти): 29-30 ноябры уыдзæн хъарм æмæ хус боныгъæд, 1-æм декабры та мигъджын, къæвда æмæ уазал уыдзæн. Уæлдæфы температурæ 1-æм декабры боны мидæг +14, +16 градусы онг æрхаудзæн.

Къахеты (Сагареджо, Телави, Гурджаани, Сигънагъи, Лагодехи, Хъварели, Ахмета, Дедоплисцъхъаро): 29-30 ноябры уыдзæн хус боныхъæд, 1-æм декабры та иуæй-иу рæтты уардзæн къæвда. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +15, +17 градусы.

Скæсæн Гуырдзыстоны уæлхох районты (Ахалкалаки, Цъалка, Бакуриани, Гудаури, Омало): 29-30 ноябры æнхъæлмæкæсинаг у хус боныгъæд, 1-æм декабры та иуæй-иу рæтты ихуард. Уæлдæфы температурæ 1-æм декабры боны мидæг +3, +5 градусы онг æрхаудзæн» – банысан кодтой алфæмблайы националон агентады.