Гуырдзыстоны фыццаг хатт, курорт Тетнулдыл ацæудзæн  «Freeride» къуырион
Гуырдзыстоны фыццаг хатт, курорт Тетнулдыл ацæудзæн «Freeride» къуырион

«Зымæгон курортты  рæзынады  компанийы» информацийæ,   фыццаг хатт Гуырдзыстоны,  курорт Тетнулд, «Фрирайды» (Freeride) къуырионы фæлгæтты 8-12  февралы сфысым кæндзæн   «Фрирайды»  дунейон  туры квалификацион   (FWQ) этаптæн.

Афтæма сæ  хъусинагæй,   мадзал  уагъд цæуы,  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады, «зымæгон курортты  рæзынады  компанийы» организацигондæй æмæ «USAID»-ы  экономикон  æдасдзинады программæйы, Местиайы  муниципалитеты  мэрийы, Сванеты  ныфсанон бынаты фæткдæттæг  организаци  Шан-Ленды  æмæ туризмы  националон администрацийы  æххуысæй.

«Мадзалы  бæрзонд  стандарттæй ауадзын  равдисдзæн Гуырдзыстоны хæххон-къахдзоныъон  курортты  потенциал æхсæнадæмон масштабæй.  Райрæзын кæндзæн   Гуырдзыстоны хæххон-къахдзонгыъон  курортты зонынад æмæ  химæлвасæг скæндзæн  бынæттон  æмæ фæсарæйнаг  улæфджыты æмæ  инвестортæн, кæцы  йæхи æрдгæй   ахъаззаг уыдзæн   Гуырдзыстоны  туризмы  рапарахаты  æмæ  æмбæлгæ инвестицион  аууæлттæ саразынæн.  Квалфикацион  этапты  фæлгæтты  ацæудзæн    чысыл – дыууæстъалыджын  æмæ   егъау – цыппарстъалыджын ерыстæ.

Чысыл  ерысты фæлгæтты рацæудзысты  бынæттон æмæ райдайæг  спортсментæ, æрмæст егъау  ерысы фæлгæтты та, бæрзонд рейтинг кæмæн ис,  уыцы фæсарæйнаг  спортсментæ  æмæ йæ  срухс кæндзæн æхсæнадæмон  медиа.  Ерысты  20  бæстæйы 120-ы онг  спортсмен  райсдзæн хайад. Банысан кæнын хъæуы уый, цæмæй «фрирайды»  спорты  хуызты  ис мадзалы  иерархи, кæцымæ гæсгæйæ,   иу  сплан вæййы  афæдзы  къæлиндар.  Гуырдзыстонмæ  бафтыд  уникалон фадат, фыццаг аз  сфысым кæна дунейон «Фрирайды»  равзарæн  (Freeride World Qualifier) сеппæтæй  бæрзонддæр категорийы  квалификацион этапæн, кæцыйæн аргъ кæнынц  4  стъалыйæ.

Фæнысангонд ерысæй  бæрзонддæр æмвæзад ис  æрмæст «Фрирайды»  Дунеон турæн (Freeride World Tour), кæцыйæн сфысым кæныны фадат Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн   квалификацион  этапты  æнтыстджынæй  ауадзыны фæстиуæгæн», –  дзырдæуы   информацийы.