Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ног бæстыхайы арæзтады æвæрд æрцыд символон капсулæ
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ног бæстыхайы арæзтады символон капсулæ æрцыд æвæрд.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили куыд банысан кодта, уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ, абон у Æхсæнадон Уацхæссæджы 64 азы юбилейы æмæ растдæр ацы бон символонæй æрцыд æвæрд ног бæстыхайы арæзтады капсулæ.
«Абон у Æхсæнадон Уацхæссæджы гуырæнбон, 64 азы сыххæст ис, ахицæн кодтам, ацы фадат ма ауагъдтаиккам æмæ символонæй нывæрдтам капсулæ йæ арæзтады. Фыццаг Каналы кусджытæн у иттæг эмоцион бон, уымæн æмæ дæсгай азты дæргъы нæ хъустыл уайы, цæмæй хизæм ацы бæстыхайæ, кæцыйыл сыххæст ис 55 аз, цы йæ сарызтой уый фæстæ. Символонæй, медийы стыр тых у ныхас æмæ ахъуыды кодтам, цæй гæнæн уыд нывæрын капсулæйы, уымæн, цæмæй ма уыдаит хуымæтæг мигæнæн æмæ дзы сарызтам æрвитæггæгтæ, кæцыты Фыццаг Каналы кусджытæ ныффыстой сæ арфæтæ»,- райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.