Фæстаг периоды банкъаринагæй фæарæх сты æндæр æмæ æндæр организацийы æрдгæй Æхсæнадон Телеуынынады фæдылмæнг æмæ æнæбæлвырд информацийы ахæлиуы цаутæ, кæцы кампанийы хуыз райста. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй ахæм мæнг хъусинæгтæ разындысты респектабелон организациты хыгъдлæвæрдты.
Хъуыды кæнæм æмæ нæ уырнгæ дæр кæны, цæмæй ай никæд бонты нæу ацы организациты позици кæнæ се рдгæй, реалондзинадæн объективонæй аргъ скæнынæй цухдзинад, фæлæ нын хъуыддаг ис бынæттон ратæдзæнтæй райсгæ информацийы æнæбасгаргæйæ раттын æмæ ахæлиу, уымæн æмæ уæлæнгай сгæрсты фæстиуæгæн дæр æргом сты ахæлиугонд информацийы фактон æнæдырысдзинæдтæ.
Фæстаг дæнц у www.mediachecker.ge-йы равæрд мæнг информаци, кæцымæ гæсгæ дæр, ISFED-ы хыгъдлæвæрд Иа Къерзаиайы хъуыддагыл Фыццаг Къаналы сæйраг рауагъдты нæ уыд, уый фæстæ та Фыццаг Къаналы журналисттæ протест куы равдыстой фæнысангонды тыххæй, www.mediachecker.ge- басастис рæдыдыл æмæ веб-фарсыл публикаци скодта барæстытæгонд æрмæг.
Махæн тынг мæтæфтауæг сты уыцы активондзинæдтæ, кæцыты «Гом Æхсæнады Фонды» финансон æххуысæй, йæ иуæй-иу бенефициар Æхсæнадон Телеуынынады ныхмæ æххæст кæны.
«Гом Æхсæнады Фонды» финансдзинадæй, организаци, «Медийы Райтынгы Фонд» (Media Development Foundation) публикаци скодта иртасæн «Гуырдзыстоны евроаталантикон интеграцийы фарстатыл къаддæрдæрты цæрæн регионты информирдзинад». Æнæкæсгæ иртасæны авторты архайдмæ, бынтон æндæргъуызон равдыстаиккой иртасæны интерес, фыццаг фарсыл технологион манипуляцийы фæрцы зыны архайд Æхсæнадон Телеуынынады сбæттын уырыссаг телекъаналтимæ æмæ сæ риторикæимæ. Уый фæстæ та æнæхъæн иртасæны тексты иугæндзонæй банкъаринаг у амынд æнæкомпетентон формæйæ, контекстæй ист цитатæты руаджы, бæрæг алæвæрдты æмæ журналистты антиныгуылæйнаг æмæ сæйраг цы у, про-уырыссаг фæндты пропагандæйы фæаххосджын кæныны архæйдтæ. Иуæй-иу бæрæг дæнц у, æвзæрстыты агъоммæ дебатты хайы, дыууæ дæсой кандидатæй, æртæ кандидаты разагъд хъуыдыты Æхсæнадон Телеуынынады ныгуылæны æрдæм, фæрссаг негативонæй тонæй æрхæссын.
Иртасæны мидæг, Æхсæнадон Телеуынынады алæвæрд «42-аг паралелы» сюжетты бынтон æндæр интерпретацийæ бавдыст цæуы, уымæй уæлдай ма, контекстæй ист фразæтæй архайы хахуырдзырд æмæ хæлиу кæны дезинформаци. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй алæвæрд иу афæдзæй фылдæр у, эфиры кæй цæуы лæвæрд æмæ йæ фæлгæтты æрцæттæ ис 100-йæ фылдæр сюжет. Иртасæны автортæ систой 7 сюжеты, уырдыгæй срæдывдтой фразæтæ кæнæ та бынтон æнæраст сæ интерпретаци скодтой æмæ уый бындурыл алæвæрды авторты фæазымджын кодтой антиныгуылæйнаг æмæ проуырыссаг ахасты.
«Гом Æхсæнады Фонды» финансгонд ацы конкретон иртасæны автортæ уый йас дардмæ аххæссыдысты, æмæ иуæй-иу сюжеты, кæцы Джордж Соросы чиныгуыты æмæ статитыл æнцойæ æрцæттæ ис, расидтысты антиевропæйаг пропагандæйы хайæ, кæцы, цæй зæгъынæй хъæуы, йæхиæрдгæй ассоциативонæй гуырдзиаг контексты, проуырыссаг ахаст дары йæ хъуыдыйы. Сюжет æххæссыд Евроцæдисы интеграцийы историмæ æмæ акцент арызт уыд еврозонæйы кризисæн бахъом уынæн, Евроцæдисы фылдæр интеграцийыл. Махæн зынæбмарæн у, цæмæн æмæ цæй æфсонæн ис гæнæн Джордж Соросы идеятæ антиевропаг æмæ проуырыссаг пропагандæимæ сбæттын.
Æнæкомпетентондзинады рухс дæнцыл хъуамæ банымайæм уый, цæмæ йæхæдæг иртасæны процессы, иртасæны автортæ, иу хатт дæр нæ бацархайдтой иртасæны объектмæ, Æхсæнадон Телеуынынадмæ фæдзурын, информацийы асгарын æмæ конкретон журналистты позицитæ рабæрæг кæнын. Зæрдыл бадаринаг у уыцы факт дæр, цæмæй иртасæны автортæм, ахæм типы иртасæн ауадзыны æрдгæй, нæй æмбæлон академион фæлтæрддзинад, кæцы æнхъæлцау расайдта уый, цæмæй иртасæн методологионæй æгæр æнæрæвдз у æмæ субъективон хъуыдыты æмбырд у.
Методологион аиппытæй уæлдай, ис интересты конфликты проблемæ дæр. Сæрмагондæй та, иртасæны къухдариуæггæнæг, Тамар Къинцъурашвили 2005-2008 азты, къухдариуæг кодта Æхсæнадон Телеуынынадæн æмæ баст у конкретон политикон партиимæ. Йæ фæткдæттынады уавæрты, Æхсæнадон Телеуынынад, æхсæнадæмон организациты хатдзæгмæ гæсгæ, уагъдта дырыс прохицауадон политикъæ.
Æхсæнадон Телеуынынад, «Гом Æхсæнады Фонды» æххæстгæнæг директор Кети Хуцишвилийæн ратта фадат, ацы иртасæнмæ гæсгæ, комкоммæ эфиры сарызтаит æмбарынгæнæнтæ. Кети Хуцишвили, æруадзгæ аиппытыл басастис, фæлæ уæлдæр банысангонд фарстатыл ма фæхицæн кодтаит иртасæны авторты хъуыдытæ, рад цауты, бацархайдта бенефициары сæрыл дзурын æмæ гуырысхоагыл нæ банымадта ацы итасæны легитимаци.
Ацы дезинформацион æмæ æнæпрофессионалон иртасæн зиан æрхаста Æхсæнадон Телеуынынады æмæ уым кусæг журналистты корпусы репутацийæн. Мах ацы факт æмбарæм, редакцион политикæмæ хифæкæныны архайдæй.
Ныфс æвæрæм, цæмæй ацы фактмæ гæсгæ, «Гом Æхсæнады Фонды» централон офис æмбæлон реагирдзинад равдисдзæн, кæцы йæхиæрдгæй баахъаз кæндзæн Гуырдзыстоны уыцы идеяты хъахъъæд, цахæм дæр сты – плюрализм, æргом æхсæнад æмæ демократи, кæцыйыл йæхиæрдгæй, æнцойæвæрд у «Гом Æхсæнады Фонды» куыст. Бафтаудзыстæм ма, цæмйæ Æхсæнадон Телеуынынад сиды æххæст цæттæдзинад, æмкуыст кæна «Гом Æхсæнады Фондимæ» ацы фарстайы срегулир кæнынæн.
АИШ-ы паддзахадон департаменты веб-фарсыл публикацигонд æрмæгы дзырдæуы, 2018 азы фыццаг кварталы Телеуынынады рæзгæ рекламон æфтиагы фæдыл. Ратæдзæнæй æрхастой Гуырдзыстоны коммуникациты регулиргæнæг камисы веб-фарсыл æвæрд Телеуынынады финансон хыгъдлæвæрд, кæцы у кассон æффтиаг, кæцыйæ арæх пайда кæнынц рекламон базары анализæн, афæдзон цæстæнгасæй. АРæх ацы бæрæггæнæн йæ хъуыдыйы дары куыд цæугæ, афтæдæрæ раззаг периоды финансон информаци. Дæнцæн, Æхсæнадон Телеуынынады 2018 азы афæдзы фыццаг кварталы рекламон æфтиагйы æрдæгæй фылдæр бахъуыд раззаг азы хæс бафидынæн, æрмæст дыккаг æрдæг та у закъондæттынады раздæрон версийæ райсгæ æфтиаг спортивон трансляцитæй.
Афæтма, 2018 азы фыццаг кварталы рæзгæ æфтиагы нæй гæнæн сбæттын 2018 азы 5 марты Телеуынынады фæдыл закъонмæ хаст ивдимæ. Закъоны ног редакцийы бындурыл, Æхсæнадон Телеуынынад, рекламон уæй райдыдта 2018 азы декабрæй, уымæ æмбæлгæйæ дæр уый нæ бандæыдтаит фыццаг кварталы æфтиагмæ.
Атæма бынысан кæнинаг у, цæмæй 2018 азы 5 марты Телеуынынады фæдыл закъонмæ хаст ивдтыты фæстæ, Гуырдызстоны Фыццаг КЪанал йæ историйы фыццаг хатт (Æхсæнадон Телеуынынад бындурæвæрд æрцыд 2005 азы) райдыдта уыцы закъонæй бæлвырд хæстæ æххæст кæнын, кæцымæ гæсгæ дæр Æхсæнадон Телеуынынад продукцийы æнæъкаддæр 25%-ы хъуамæ фæбара, хæдбар хицæн барады юридикъон уæнгты æрцæттæгонд программæтæн. Фæнысангонд хæс æххæст кæныны азты дæргъы не нтыстис, уымæн æмæ интеллектуалон продукци балхæд тендеры фæрцы релевантон нæу æмæ йæ ныхмæ цæуы европаг стандарттæн. Телеуынынады фæдыл закъоны æрцæттæгонд ивдтыты проекты фæдыл, европæйы Тееуынынадты Цæдисы (EBU) комментарийы бынсангонд у: „As already mentioned above, the exemption of programme- and content-related contracts from the general public procurement rules is important and in line with European standards“. /Уæлдæр куыд банысан кодтам афтæмæй, авлæвæрдты æмæ кнтентимæ баст контрактты ссæрибар кæнын, паддзахадон балхæды иумæйаг закъонæй у нысаниуæгджын æмæ Европаг стандартмæ æмбæлон»/.
Уымæй дарддæр ма ацы цæстæнгасæй иттæг нысаниуæгджын у, цæмйæ Гуырдызстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн ассоциацидзинад бадзырд, афтæдæр йæ хъуыдйы дары паддзахадон балхæды фæдыл нормативон актты европаг стандарттæм æмæ закъондæттынадмæ æмбæлон скæнын.
Уæлæмахсæй уын базонын кæндзыстæм, Телеуынынады фæдыл закъоны ивды фæстæ сæххæст куысты фæстиуæгæн, Телеуынынады эфиры рейтинг 2019 азы февралы мæйы (раззаг азы ацы периодимæ абаргæйæ) 80% райрæзтис. Бынæттон продукцийы трансляцийы рæстæг фæдывæр ис æмæ боны мидæг у 12 сахат, æрмæст 2017 азы та уыд 6.5 сахат. Афтæдæр АИШ-ы Националон-Демокративон Институты (NDI) 2018 азы декабры уагъд иртасæнмæ гæсгæйæ, Телеуынынады æрдæр æууæнк 4% æй (2018 азы марты бæрæггæнæнтæ) 12%-ы онг, кæнæ та 3 хатты райрæзт.
Президентон æвзæрстыты срухскæнынмæ гæсгæ ЕÆÆО-ы цæстдарæг миссийы публикацигонд æхсæйнаг хыгъдлæвæрды æруадзгæ фактон рæдыд, цæвиттон Æхсæнадон Телеуынынад фылдæр рæстæг дæтта уыцы политикъон партиты бавдыст кандидаттæн, кæцытæ бюджетон финансдзинадæй пайда кодтой, хæдбар кæнæ æндæр партиты кандидаттимæ абаргæйæ, Телеуынынады фыстæй басидты фæстæ, хайгай бараст ис кæронбæттæн хыгъдлæвæрды æмæ фæстагмæ ахæм хуыз райста:»Æнæквалифициргонд партиты æмæ хæдбар кандидаттæн æнæбæрæг бæрцæй æнæаргъ эфирон рæстæг, рауæйлдай ис æрмæстдæр Æхсæнадон медийы», фæлæ фæстæмæ ис фактон æнæдырысдзинад, ома Телеуынынад искæцы политикъон партийæн ратта æнæбæлвырд рæстæг. Æцæгæй та, Фыццаг КЪанал алы (квалифициргонд æмæ æнæквалифицргонд) кандидатæн ратта æмбæрц рæстæг. Кæцы уыдис æхсæнадон, рæувадат информаци, Æхсæнадон Телеуынынады рауагъд бардзырды (2017 азы 7 сентябры) хуызæй, æвæрд æрцыд Фыццаг КЪаналы веб-фарсыл, кæцыйы мидæг дырысæй фыст ис цæмæй: «Æнæквалифициргонд æвзарæнон субъектæн æвзæрстытыагъоммæ рекламæйы равæрыны нысанæй рауæлдай ис раст ахæм бæрцæй æнæфидгæ рекламон рæстæг, кæцы архайæг закъондæттынадæй у бæрæг квалифициргонд субъекттæн».
Афтæдæр уын бакой кæндзыстæм, цæмæй æхсæнадæмон æнæхицауадон организаци «Фридом Хаус» хизгæ жтапыл уæвæг бæстæты фæдыл 2017 азы хыгъдлæвæрды мидæг, Æхсæнадон Телеуынынадмæ гæсгæ цы рæдыд æруагъта ууыо басастис æмæ йæ бараст кодта.
Хыгъдлæвæрды банысангонд уыд, цæмæй æхгæд æрцыд Фыццаг Къанал, кæцы парламенты рабадтытæ æвдыста. Ахæлиугонд мæнг информацийыл Телеуынынады æрдгæй карз реагирдзинады фæстæ, хыгъдлæвæрд бараст кодтой.
Алцыппæт уæлдæрбанысангондæй рацæугæйæ, бæрæг у мæнг информацийы ахæлиуæй Æхсæнадон Телеуынынады дискредитацийы архайд, кæцы гæнæн ис сæвзæрд фæстаг рæстæджы Телеуынынады æрдæм æхсæнады æууæнкы рæзтæй æмæ æргомæй фæхуыздæргонд рейтингон (куыд телеуынынадон афтæдæр онлайн) бæрæггæнæнтæйю Цыфæнды æфсон дæр уæд уæлдæр бавдыст мæнг фактытæн, курæг стæм алы æхсæнадæмон организацийæ, бынæттон организациты æрдæм æууæнкмæ æнæкæсгæ, рабæлвырд кæнæнт алы хуызы мониторингы æмæ хыгъдлæвæрды мидæг Æхсæнадон Телеуынынады фæдыл информаци, уымæн æмæ уæвæг уавæр фундаметон зиан хæссы Гуырдзыстоны архайæг ахæм институцийæн, кæцы, поляризацигонд медиа-æрдз фæхуыздæр кæнын æмæ цæрджытæн æууæнкаг, балансгонд информацийы бадæттын, афтæдæр æхсæнадæмон медиастандартты æрфидар кæнын æмæ бахъахъъæнын амалхъом у.