Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы фидиуæн хицæн провокацион сидтытæм гæсгæ
Фыццаг Къаналы кусджытæ мæсты стæм политикъон къордтæм аффилиргонд кæнæ конкретон политикъон инетерс дарæг адæймæгты сидты тыххæй, кæцы æнæ уый дæр тынггонд периоды гæнæн ис æнæнхъæлæджы фæстиуджытæ расайа.
Фæсарæн хъуыддæгты министры раздæры хæдивæг, Николоз Вашакидзе æмæ номдзыд кинозонæг Гоги Гвахариа акцийы хайадисджытæм фактонæй сидынц æмæ сæ удцырын кæнынц Æхсæнадон Телеуынынад тыхæй байсын.
Æндæр рæстæджы ахæм фидиуæнтæ баззадаиккой хуымæтæг æнæбæрнон хъуыды равдысты сæрибарæй, кæцы стыр хъуыдарды акаг дæр нæ уыдаит, фæлæ ныр уæвæг нервон фоныл дзыллæйы, ахæм провокацион фидиуæнтæ гæнæн ис сраст кæнæн кæмæн нæй ахæм фæстиуджытæ расайа.
Æхсæнадон Телеуынынады ахаст конституцийæ гарантиргонд у, фæлæ ацы хатт дзыллæйы хъусдард нæ фæнды раздахæм фарстайы моралон миниуæгы æрдæм – фыдыбæстæйыл удцырын фæсивæды эмоцитæй манипуляцитæ кæнын æмæ сæ журналисттыл ардауын , кæцытæ дыууынцыппар сахаты дæргъы æххæст кæнынц сæрмагонд профессион хæстæ, æцæгдæр нæй гæнæн аккагыл банымайын.
ХЪæддыхæй сидæм алы эгзальтиргонд кæнæ политикон интерестæ дарæг æмбæстагмæ, ма бацархайæт сæрмагонд нысæнттæм баххæссын, æндæрты барты æфхæрды хардзыл.
Социалон хызаг «Фейсбукы» ахæлиу ис Николоз Вашакидзейы æмæ Гоги Гвахариайы сидтытæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы тыххæй.
Сæрмагондæй та, Николоз Вашакидзе, кæцы 2000-2012 азты уыд Гуырдзыстоны националон æдасдзинады советы нымæрдары, фæсарæн хъуыддæгты министры æмæ хъахъхъæнынады министры хæдивæг, «Фейсбукы» фарсыл, публикаци кæны статус, кæцыйы мидæг акцийы хайадисæг æвзонгтæм сиды, цæмæй зæгъгæ «Ныр у сегасæй хуыздæр момент Æхсæнадон Телеуынынады, дзыллæмæ адæттыны æркуырдæн».
Раст уый æнгæс сидт публикаци кæны кинозонæг Гоги Гвахариа, кæцы иуæй-иу фейсбук-пайдагæнæджы постыл ныффыста: «Æхсæнадон Телеуынынады цурмæ цæннæ цæут? Алы хицауады ивд иу уырдгæй кæй райдыдта уый хорз зоныс».