Гуырдзыстоны Фыццаг Каналмæ фæуазæг ис Лиетувæйы минæвар Андриус Калиндра
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналмæ фæуазæг ис Лиетувæйы минæвар Андриус Калиндра. Минæвар фембæлдис Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон диреткоримæ Тинатин Бердзенишвилиимæ.
Лиетувæйы минæвар Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ног æмæ цæугæ хабæртты кусæн уавæртимæ дæр базонгæ ис.
Тинатин Бердзенишвили куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал нысаниуæгджын функци сыххæст кæндзæн дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг æмахаст фæарфдæр кæнынæн.
«Фæныхас кодтам æнæхъæнæй Æхсæнадон Уацхæссæджы ролыл, функци æмæ нысаниуæгыл. Афтæма 13 январы уыдзæн 1991 азы зындгонд фæзындтæ, кæцы иттæг нысаниуæгджын у Лиетувæйæн. Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл сæрмагонд программæ уыдзæн ацы бонмæ гæсгæ. Афтæдæр плангонд у бирæ культурон мадзæлттæ, кæцыйы медиапартнер уыдзæн Фыццаг Канал. Зонæм цæмæй Лиетувæ у Гуыдзыстонæн стратегион æмцæдис бæстæ æмæ сæхæдæг адæмы зæрдæй ахаст у сæрмагонд. Фыццаг Канал бирæ сараздзæн цææмй ацы ахастытæ ноджы фæарфдæр кæнæм культурæйы сферæйы» – райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.
Лиетувæйы минæвары дзырдæй, фембæлдыл баивдтой цæстæнгастæ дыууæ бæстæйы ахастыты фæдыл.
«Мæхи, куыд минæвары функци ацы ахастыты растдæр фасилитаторæй уæвын у. Афтæдæр нын уыдзæн æмгуыстад Гуырдзыстоны Фыццаг Канал æмæ Лиетувæйы æхсæнадон уацхæссæджы æхсæн. Фæныхас кодтам куыд ис гæнæн дыууæ бæстæйы цæрджытæн сæ кæрæдзи базонын кæнæм хуыздæр. Æмбарын Æхсæнадон Уацхæссæджы нысаниуæг, сæрмагондæй уыцы периоды, бирæ дискусси нын куы ис æхсæнады æндæр æмæ æндæр уæнгты æхсæн, ратсдæр ахæм рæстæджы ис Æхсæнадон Уацхæссæгæн сæрмагонд роль. Нысаниуæгджын у, уацхæссджытæн баххуыс кæнæм, куыд мисиийæн, кæцыйæн йæ бон хъауджы цæстæнгастæ фæхæццæ кæна кæсджыты онг» – райхъусын кодта Андриус Калидра.