Гуырдзыстоны Фыццаг Канал схорзæхджын кодта студентон фильмты фестиваль, «Pitching Forum» уæлахиздзауты
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал Шота Руставелийы театры æмæ кинойы паддзахадон университеты организацигондæй ацæугæ студентон фильмты фестивалы «Pitching Forum» уæлахиздзаутæ схорзæхджын кодта.
Æхсæнадон Уацхæссæг фестивалæн призон фондмæ алæвæрдта 5 000 лари, дыккаг æмæ æртыккаг бынат бацахсæг проекттæн та Æхсæнадон Уацхæссæг, проекты сыххæсты æндæр æмæ æндæр этапыл материалон-техникон базæйæ абххуыс уыдзæн.
Æхсæнадон Уацхæссæг гуырдзиаг оригиналон алоæвæрдтæ æмæ документон фильмты иуæй-иу ставддæр исæг у бæстæйы. Уымæй дарддæр ма йæ нысан у, ацы æррдæм индустрийы фарс рахæцын æмæ инвестирдзинад.
«Гуырдзыстоны Фыццаг Канал культурæ æмæ сфæлдыстадон индустрийы нысаниуæгджын контрибьютор у, йæ къух аразы гуырдзиаг амалиуæгад райрæзтæн æмæ æвзæрын кæны куыстбынæттæ. Уацхæссæг, гуырдзиаг кинопродукцийы копродукцийы æмæ æмфинансдзинады 500 000 ларийы онг инвестици нывæрдта, кæцы йæ хъуыдыйы дары документон æмæ аивадон фильмты æмæ ацы æрдæмадæй проектты æмфинансдзинад» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы гепнералон директор Тинатин Бердзенишвили.
Индустрион проект «Pitching Forum» Гуырдзыстоны Шота Руставелийы театры æмæ кинойы паддзахадон университеты организацигондæй ацæугæ студентон фильмты фестивалы фæлгæтты, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы, Тбилисы мэрийы æмæ Гуырдзыстоны кинематографийы национ театры æххуысæй ацыд.
Бакой уын кæндзыстæм, Æхсæнадон Уацхæссæджы æмфинансгондæй ист фильмтæ Гуырдзыстон æмæ æхсæнадæмон фестивалтыл бирæ æнтыстытæм æрцыдысты, сæ нымæцы Фыццаг Каналы æмпродюссингæй ист Леван Когъуашвилийы фильм «Цыппæрæм Брайтон», кæцы Трайбекайы фестивалыл æртæ хорзæх райста, «Оскармæ» уыд бадыст.