Гуырдзыстоны фидæн азæй пенситæ сырæздзысты
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны фидæн азæй пенситæ сырæздзысты. Уый фæдыл Гъарибашвили хицауады рабадтыл абон расидтис.
«2024-æм азы социалон хъахъæды програмæты бюджет 870 милуан ларийæ фестыр уыдзæн. 70 аз æмæ фылдæр кары уæнгты пенси 50 ларийæ æмæ 415 лари уыдзæн. Уыцы категорийы пенсионерты пенси бæрзондхаххон бынæтты уыдзæн 500 лари. 2012-æм азы пенси уыд 110 лари æмæ 125 лари. Ныр 415 лари æмæ 500.
Уый у нæ хицауады реалон куысты фæстиуæг. 70 азы онг кары уæнгтæн пенси 20 ларийæ фестыр уыдзæн, 315 лари, бæрзондхаххон районты 380 лари», – расидтис Гъарибашвили.