Гуырдзыстоны фидæн аз цыппар ГЭС эксплуатацимæ бацæудзæн.
Гуырдзыстоны экономикайы министр Гиоргий Кобулиайы бæлвырдгонд пронозон балансмæ гæсгæ, генераци райдайдзæн электростанцæтæ – «Местичъала 1», «Местиачъала 2», «Аваныгэс» æмæ «Арагви 2».
Ног станцæты рауадзгæ энергийы бæрц фидæн аз 228 милуан киловатт сахаты уыдзæн. Уыдонæй 200 милуан «Местичъала 1» æмæ «Местиачъала 2» рахицæн кæндзæн.