Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты дæргъы рабæрæггонд коронавирусæй инфицирады фараст ног цауæй иуы равзæрæн æбæрæг у
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директоры Марина Эзугбаиайы куырдиатæй, Гуырдзыстоны фæстаг 24 сахаты рабæрæггонд коронавирусæй инфицирады фараст ног цауæй, æртæйæ сты медицнон персонал, ноджы æртæ карантины тыгъдадæй, дыууæ нрыид бæлвырд цауимæ контакттæ сты, æрмæст иу цау та Тбилисы фæбæрæг ис æмæ йæ инфицирады равзæрæн нырма бæрæг нæу.
«Иуы равзæрæн æбæрæг у æмæ ныр цæуы арф эпидемиологион иртасæн. Ацы пациент Тбилисы ис. Йæ инфицирады равзæрæн агурæм» – райхъусын кодта Марина Эзугбаиа.
Афтæма йæ информацийæ, ацы рæстæгмæ, ковид-центрты 127 пациентæн хос кæнынц.