Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили фембæлд ЮНЕСКО-йы генералон директор Одри Азулайимæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили фембæлд ЮНЕСКО-йы генералон директор Одри Азулайимæ

ЮНЕСКО-йы генералон конференцийы 43-æм сессийы фæлгæтты, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили ЮНЕСКО-йы генералон директор Одри Азулайимæ фембæлд сарæзта.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, фембæлдыл фарсытæ позитивонæй саргъ кодтой Гуырдзыстон æмæ ЮНЕСКО-йы æхсæн уæвæг æмкуыстдзинадæн культурæйы, рухсады æмæ зонады сферæты æмæ фæныхас кодтой ахастыты дарддæры перспективæтыл.

Бочъоришвили Мака бузныг расидтис Одри Азулайæн æмкуысткæнынад æмæ фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны культурон бынтæ бахъахъæды тыххæй реализгонд проекттæн.

Фембæлдыл Гуырдзыстоны оккупацигонд териториты культурон бынты фарстайыл ныхас цыд.

Одри Азулай бузныг расидтис гуырдзиаг фарсæн ЮНЕСКО-йы архайды активон хайадистæн.