Гуырдзыстоны Евроцæдисы бæстæты мисситы къухдариуджытæ Гуырдызстоны хицауадмæ 5-æм июлы цауты æмæ фæстиуджыты фæдыл фыстæгæй басидтысты
Гуырдзыстоны Евроцæдисы бæстæты мисситы къухдариуджытæ Гуырдзыстоны хицауадмæ 5-æм июлы цауты æмæ фæстиуджыты фæдыл фыстæгæй басидтысты
Гуырдзыстоны акредитацигонд Евроцæдисы бæстæты мисситы къухдариуджытæ Гуырдызстоны хицауадмæ 5-æм июлы цауты æмæ фæстиуджыты фæдыл фыстæгæй басидтысты.
«Гуырдзыстоны МХ минитср, сидæм уæм фыстæгæй.
Нæ тыхстдзинады фæдыл фæстаг рæстæджы æрцæугæ цауты фæдыл, кæцытæ æрхастой зиан Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æмахастытæн æмæ Гуырдзыстонæн, куыд адæймагы сæйраг барты хъахъхъæнæг бæстæйы имидджæн. Ацы фыстæгы копитæ уыдзысты æрвыст премьер-министр, юстицийы æмæ æттаг хъуыдтæгты министртæн дæр.
Сабырадон æмбырд æмæ æвдыст сæрмагонд хъуыдыйы, сæйраг бар у æмæ Гуырдзыстоны Конституци хъахъхъæны уыцы принциптæ, 5-æм июлы ЛГБТ+Тбилиси прайды хайадисджытæ нæ спайда кодтой, сæ бон не сиис спайда кодтаиккой уыцы бартæй, сæ æдасдзинадæн рискъ уыд.
Контракцийы хайадисджытæ сыххæст кодтой къордон тыхми, кæцыйы нысан уыдысты гражданон активисттæ. Дыууæ къорды барнонты æдасдзинады физикон æрылхъывд, Тæссаг уыд.
Тыхстгонд стæм, цæмæй хицауад гомæй нæ расидтис бахъахъхъæна уыдоны, кæцытæ сабырадонæй нысан кодтой прайды фæдыл мадзал. Афтæ дæр нæ райста нæдæр æнæмæнг æдасдзинады нормæтæ, æмæ нæ сыххæст кодта хъахъхъæд, уæд кæд æмæ активистты æмæ журналистты ныхмæ тыхмийы æрылхъывд æххæст кодта.
Сидæм алы фарсмæ бæрнджынæй архайой æмæ сæхи бахизой уыцы къахдзæфтæй, кæцытæ ситуаци ноджы фæуæззау кæндзысты.
Гуырдзыстоны парламенты раз уæвæг Евросоветы тырасайы æрыппæрст стыр хъыгагæй нымайæм. Уыцы тырыса æвдисы уыцы фундаменталон аргъдзинæдтæ, кæцытæ Евроцæдис æмæ Евроцæдис–Гуырдзыстоны æмахастытæ сты бындурæвæрд.