«Гуырдзыстоны дзулкæнджыты цæдисы» сæрдар дзулы аргъыл  арæйнон æргътæ  снысан кæнын домы
«Гуырдзыстоны дзулкæнджыты цæдисы» сæрдар дзулы аргъыл арæйнон æргътæ снысан кæнын домы

«Гуырдзыстоны  дзулкæнджыты цæдисы» сæрдар Малхаз Долидзе, дзулы аргъыл  референтон  æргътæ  сфидар кæнын домы, кæцы уый нысан кæны, цæмæй   паддзахад  дуканитæн  реализацион æргъты  максимум  сбæрæг  кæндзæн æмæ  дуканитæ  æргътæ  хивæндæй  нал фæуæлдай кæндзысты.

Малхаз Долидзейы  фидиуæнæй,  ивгъуыд азимæ абаргæйæ, дунейон базарыл   ссад  фæаслам ис, афтæмæ  фæасламдæри  таможнæйы фидинаг  æмæ гæнæн ис   дзулыл æргътæ фæасламдæр кæнын, фæлæ ацы этапыл уый дуканитæ хъуамæ аскуыддзаг кæной.

Йæ информацийæ, бæстæ  афæдзы дæргъы 650 000  тоннæ  мæнæуæй  фæлхас кæны, кæцæй дæр  150 000 у Гуырдзыстон æркæнгæ. Малхаз Долидзе  куыд дзуры афтæмæй, æндæр   азтæй хъауджы, Гуырдзыстоны  ацы аз  ис бæрзонд хорæрзад.

«Хостыл  ис  референтон æргътæ, кæцы уый нысан кæны, цæмæй   зонæм, цасмæ æлхæнынц  хос  фæсарæнты, цас йæ аргъ у  йæ тарнспортацийæн,  цас бафтауынц йæ аргъмæ, кæнæ та  æнæхъæнæй  контролгонд цæуы   аргъ.  Ац ыæнхъарæн æхсызгон у æмæ æвзæр нæ уыдзæн, иу-дыууæ  асортиментыл, кæцы массивон ассортимент у  Гуырдзыстоны,  арызт уа  афтæ.  Адæймæгтæ  хъуамæ зоной,  цæмæй  аргъ, кондадæй нæ фæлæ  дуканиты  нысангонд у», –  райхъусын кодта  Малхаз Долидзе.