Гуырдзыстоны делегаци фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæгы къухдариуæгæй, хайад райсдзæн ИНО-йы æппæтдунеон периодон æркасты дискуссийы
Иугонд Нациты Организацийы æппæтдунеон периодикон æркасты (УПР) 4-æм циклы фæлгæтты, абон Женевæйы, Гуырдзыстоны адæймагы барты статусы фæдыл Гуырдзыстоны националон хыгъдлæвæрдыл (2021-2025) дискусс сырæздзæн.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, дискуссийы хайад райсдзæн Гуырдзыстоны хицауады делегаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Хатуна Тотладзейы къухдариуæгадæй, кæцыйы сконды сты хицауадон уагдæтты минæвæрттæ, Гуырдзыстоны парламент, Гуырдзыстоны централон æвзарæнон къамис, Гуырдзыстоны прокуратурæ, Гуырдзыстоны юстицийы уæлдæр совет, Гуырдзыстоны тæрхондæтты системæ.
«Гуырдзыстоны националон хыгъдлæвæрд бацæттæ ис Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады координацийы бын, æппæт æмбæлон паддзахадон уагдоны хайадистæй, æмæ баст уыдысты куыд æххæстгæнæг, закъондæттæг æмæ тæрхонгæнæг органтæ.
Хыгъдлæвæрды æмрæнхъ ис информаци 2021-æм азы раздæры циклы Гуырдзыстоны фарсылхæцæг рекомендациты реализацийы фæдыл, банысанкæнинаг у, цæмæй 3-æм циклы фæлгæтты Гуырдзыстон райста 285 рекомендаци æмæ йæ фарсыл рахæцыд 257 рекомендаци.
Хыгъдлæвæрд бавдыста Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æхсæнадон хъахъхъæнæджы офисмæ, цæмæй йæ фæндæттæ æмæ хъуыдытæ дих кæна. Банысанкæнинаг у уый дæр, цæмæй 2016 азы Гуырдзыстоны парламенты регламентмæ хаст ивæндзинæдтæм гæсгæ, хыгъдлæвæрд хицауады куырдиатмæ гæсгæ Гуырдзыстоны парламент дæр бакаст.
Хыгъдлæвæрдмæ æркæсыны фæстæ, Гуырдзыстон хъуамæ бавдиса йæ позици снысангонд æмгъуыдты, кæцы рекомендацитимæ сразы уыдзæн æмæ йæхимæ райсдзæн хæс сæ сæххæст кæнын фидæн 5 азы мидæг.
Банысанкæнинаг у, цæмæй Иугонд Нациты Организацийы Организацийы адæймагы барты советы арæзт æппæтадæмон периодикон æркаст у ИНО-йы адæймагы барты советы уникалон механизм, кæцыйы фæлгæтты ИНО-йы уæнг бæстæты адæймагы барты хъахъхъæды фæдыл уæвæг уавæр алы 4-5 азы æркæсы» -ис фыст Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны.