Гуырдзыстоны цыппæрæм дозæ ковид-вакцинæйы саразын бæрæг категорийы æмбæстæгтæн ссис уæгъд
Бæрæг категорийы æмбæстæгтæн уæлæмхас бустердозæйæ- цыппæрæм дозæ саразын абонæй уæгъд у. Æнæнизхъахъхъæды министры бардзырд йæ тыхмæ абонæй бахызт.
Бардзырдмæ гæсгæйæ, ивд цæуы «ковид-19»-ы ныхмæ вакцина æрфидары æмæ иммунизацы фæткдæттыны уаг сбæлвырды фæдыл æнæнизхъахъхъæды министры 2021 азы 3 февралы №01-11/Н бардзырд йæ тыхмæ бахызт æмæ уæм бафтдытой дарддæр пункттæ:
«Квоид-19»-ы ныхмæ вакцинæйы дыккаг бустер дозæйæ вакцинæ арызт æрцæуæд:
50 аздзыд æмæ уымæй хистæрдæр кары æмбæстагæн кæй фæнды алкæмæн, сæрмагонд рекомендаци лæвæрд цæуы иммунокмпрометригонд хроникон низтæй рынчын уæнгтæм, дæргъвæтин касты центрты цæрæг уæнгтæм; 12-49 аздзыд кары иммунокомпрометригонд æмæ хроникон низтæй рынчын укæнгтæм.
Уыимæ 12-17 аздзыд кары къордты дыккаг бустеризаци цæуы вакцинацигæнæг уагдæттæм дохтыры сидт бавдысты бындурыл, æрмæст 18-49 аздзыд кары къордты – низы бæрæггæнæг кæцыфæнды документы бавдысты цауы.
Медицинон уагдоны кусæг персоналæн.
Вакцинацийы дыккаг бустердозæ 18-49 аздзыд кары къордты саразын ис гæнæн ахуыры, хоскæныны кæнæ æндæр нысанæн, фæсарæнтæм балцы цауы, расæг бæстæты регуляцитæм гæсгæйæ.
Балцы нысанæн дыккаг бустердозæ саразынæн, æмбæстаг вакцинацигæнæг уагдонмæ хъуамæ бавдиса билеты бронь.
Вакцинæйы дыкаг бустердозæйæ администрирдзинад хъуамæ æххæст цæуа фыццаг бустердозæйæ вакцинацийы фæудæй иууыл цъус цыппар мæйы фæстæ. Дыккаг бустердозæйæн гæнæн ис спайда кæнын фыццаг дозæтæй вакцинацигонд кæнæ æрдæр вакцинæйæ.