Президенты галуаны   уæлæмæ систой  Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы  эталлон
Президенты галуаны уæлæмæ систой Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы эталлон

Гуырдзыстоны президенты  Гиорги Маргвелашвилийы  инициативæйæ,  Гуырдзыстоны  паддзахадон тырысайы  бонмæ  гæсгæ,  абон Гуырдзыстоны цалдæр   регионы уагъд æрцæудзæн  паддзахадон тырыса уæлæмæ сисыны  церемони, кæцыйы  хайад райсдзæн йæхæдæг президент дæр.

Тырысайы  бон нысан кæнын  райдыдта  10:00  сахатыл   президенты галуанæй, цы ран Гуырдзыстоны президент   националон  хъайтарты  Гиорги Анцъухелидзейы æмæ   Заза Дамениайы  хъæбултимæ иумæ,  паддзахадон тырысайы эатлоны уæлæмæ  систа,кæцы  цалдæр азы размæ рæцæттæ ис Гиорги Маргвелашвилийы  инициативæйæ.  Президенты   галуаны  паддзахадон тырысайы   уæлæмæ сисыны  церемонийыл   паддзахадон гимн сæххæст кодта  ансамбль  «Шавнабада».

Тырысайы уæлæмæ сисыны  церемоний сырæзт    Кахеты, Уджармайы фидары, цы ран  Гуырдзыстоны паддзахдон тырыса уæлæмæ систойы   ирвæзынагæнджытæ,   Гуырдзыстоны гимны  та,  Вано Мчъедлишвилийы номыл зарæггæнджыты къорд  сæххæст кодта. Церемонийы  хайад истой  Гуырдзыстоны президент, администрацийы  хистæр Гиоргии Абашишвили, националон æдасдзинады  советы  нымæрдар  Давит  Раквиашвили,  парламентон   нымæрдар Анна Нацвлишвили  æмæ æхсæнадæмон нымæрдар  Тенгиз Пхаладзе.

Президенты хйадæй паддзахадон тырысайы  уæлæмæ сисыны  церемони афтæдæр сырæздзæн  Мцхетайы,  цыран атлет  Лаша Тъалахадзе спортсментимæ иумæ   тырыса уæлæмæ сисдзæн  Бебрис цихейы  фидары сæрыл.  Гуырдзыстоны паддзахадон гимн та сæххæст кæндзæн    ансамбль  «Мцхета».

Гуры хъаххъæнынады  националон академийы,  юнкертæ  паддзахадон тырыса уæлæмæ сисдзысты  Гуырдызстоны гарзджын тыхты  æфсæддон  оркестры  сæххæст гимны фæсдзыдимæ  12:30 сахатыл.  Церемонийы  хайадисджыты  æмæ  юнкерты раз  Гуырдзыстоны президент   дзардæй ралæудзæн  æмæ   сын паддзахадон тырысайы  бон раарфæ кæндзæн.

Кутаисы  тырыса уæлæмæ сисдзысты   дохтыртæ ныгуылæн Гуырдзыстоны медицинон центры  хъæууынгы  ансамбль «Кутаисы»  сæххæст  гимны фæсдзыдимæ.

Сенакъы та  тырыса сисдзысты  педагогтæ  Абхазийы  æвдæм æхсæнадон  скъолайы  кæрты, кæцы  2008 азы   августы хæстырæстæджы фæмардуæвæг  капрал,  сохумаг  Темур Бокучавайы   ном хæссыю   Паддзахадон гимны та сæххæст кæндзæн   ансамбль «Сенаки».

Гуырдзыстоны паддзахадон тырыса   герб æмæ гимнимæ иумæ,  Гуырдзыстоны органон закъоны   бындурыл  æрбайстой, кæцы Гуырдзыстоны  президенты хæстæ æххæстгæнæджы   къухбафысты фæстæ,  2004 азы  14 январæй бацыд йæ тыхмæ.   Гуырдзысторны  паддзахзадон  тырысайы  бон  дæр 14 январы –  Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы  фæдыл органон закъоны  райсты  бон банысан вæййы.  Паддзахадон   тырысайы  бон фыццаг хатт,  2012 азы  14 январы  банысан кодтой.