Гуырдзыстоны цæрджыты æмæ хъæууон-хæдзарадон сфысты  координацион хицауадон комисси цæрджыты æмæ  хъæууон-хæдзарадон  сфысты  программæйы ранæуæггонд проект  сбæлвырд кодта
Гуырдзыстоны цæрджыты æмæ хъæууон-хæдзарадон сфысты координацион хицауадон комисси цæрджыты æмæ хъæууон-хæдзарадон сфысты программæйы ранæуæггонд проект сбæлвырд кодта

Гуырдзыстоны  цæрджыты   æмæ хъæууон-хæдзарадон  сфысты  кординацион   хицауадон комисси   цæрджыты æмæ  хъæууон-хæдзарадон  сфысты  программæйы  ранæуæггонд проект сфидар кодта.   Уый фæдыл  информаци  хицауады  администрацийы   пресскуыст хъусын кæны.

Уагдоны информацийæ,   комиссийы  рабадт   Гуырдзысны премьер-министр Ираклий Къобахидзейы  къухдариуæгæй   хциауады администрацийы  ацыд.

«Рабадтыл  Гуырдзыстоны статистикæйы националон куысты  æххæстгæнæг  директор   Гогита Тодрадзе   комиссийы  уæнгтæн  бавдыста  информаци  сфысты  методологийы  æмæ рафарстыты  чиныгы  фæдыл.

Гуырдзыстоны цæрджыты иннæ  æппæтон  сфысты  датæйæ  сбæрæг ис  2024 азы  14 ноябрæй 19 декабр  хынцгæйæ  период. Финансон  æмæ адæймагон  ресурсты оптималонæй спайда кæныны нысанæн,  цæрджыты сфыстимæ иумæ, уагъд уыдзæн  хъæууон-хæдзарадон сфыст дæр.  Социалон æмæ демографион  равгы  бæрæггæнæнтимæ иумæ, специалон рафарсты   чиныгы фæрцы бамбырд удызæн информаци мидхæдзарæдты  хъæууон-хæдзарадон   активондзинады фæдыл. Сфысты  рагафон фæстиуджытæ 2025 азы июны  æрмæст  кæронбæттæн фæстиуджытæ  2026 азы  июны уыдзысты публикацигонд» –  банысангонд у   хицауады администрацийы пресскуысты  информацийы.