Гуырдзыстоны авиацион базарыл арзайын райдайы  авиакомпани Sky Express
Гуырдзыстоны авиацион базарыл арзайын райдайы авиакомпани Sky Express

Гуырдзыстоны авиацион  базарыл кусын райдайы ноджы  иу  авиакомпани «Sky Express». Информаци  уый фæдыл æмбæстагон авиацийы  агентад хъусын кæны.

Уагдоны хъусинагæй,  æмбæстагон  авиацийы  агентады бавдыст куырдиатмæ  гæсгæйæ,   цæугæ азы 27 октябрæй, бердзенаг  авиакомпани  регулярон рейстæ Афинæтæ-Тбилис-Афинæтæ  æххæст кæндзæн.

«Авиарейстæ къуырийы мидæг  æртæ хатты, алы  къуырисæры,  æртыццæджы æмæ  сабаты  «Airbus 320»  типы  уæлдæфон   науæй  сыххæст уыдзæн.

Абоны  уавæрæй, Гуырдзыстоны æмæ Бердзены  Республикæйы æхсæн   тахтытæ æххæст кæнынц авиакомпанитæ  «Aegean Airlines» æмæ «Wizz Air» Афинæты æмæ Салоникийæ  Тбилисы æмæ Кутаисы  æрдæм», –   дзырдæуы  æмбæстагон авиацийы агентады информацийы.