Гуырдзыстоны  архайынц  238  партийы
Гуырдзыстоны архайынц 238 партийы

Æхсæнадон   реестры  национ   агентады   хъусинагæй,  Гуырдзыстоны  архайы  238  партийы,  уыдонæй  авд бындурæвæрд æрцыд   ацы  аз.

Ног партиты æхсæн ис  «Закъон æмæ Барад» (сæрдар  Тако Чарквиани», «Рæстдзинады тыххæй» (сæрдар Эка  Беселиа), «Ибериæгты  Иудзинад»(сæрдар Гиорги  Цъипътъаури), «Социалон рæстдзинадæн»  (сæрдар Мамука Тъускадзе), «Гуырдзыстоны  сæрыл хæцджыты Иудзинад» (сæрдар Гела Тъхъешелашвили), «Политикон Змæлд – Уæлахиздзау Гуырдзыстон» (сæрдар Ираклий Окруашвили)  æмæ  Ног тых  (политикон  советы сæрдар  Лазаре  Закариадзе).

Реестры  нырма  нæй   политикон  иугонд  «Лело Гуырдзыстоны тыххæй»,  кæцы  бындурæвæрд æрцыд  знон. Номхыгъды  сты  «Ног Рахизтæ»   кæцы  бындурæвæрд уыд 2001  азы,  партийы  лидеры,  Мамука Къацитадзейы   куырдиатæй та,   ныр парти  йæ  куыст уромы.

Политикон   иугæндты  реестр  архайы  1997  азæй.   Номхыгъды  ис  250 партий, уыдонæй  12   ликвидацийы кæнæ  реорганизацийы  тыххæй, реестрæй рацух  кодтой.