Зæлдаг фæндаджы форумыл, партнерон фонды æххæстгæнæг директор Давит Саганелидзе, журналисттимæ хæдтæхджыты детальты заводы арæзтадыл фæныхас кодта.
«Растдæр знон уыдис фембæлд “элбитийы” къухдариуæгадимæ, æрцыдысты æмæ Гуырлдзыстоны ацы проекты тыххæй. Фæнды мæ зæгъон уын, цæмæй арæзтад цæуы графикъмæ гæсгæйæ, бæстыхай ныр фæудгæнæн стадийы ис. Йæ ифтонггарзтæй срæвдз та райдайдзæн фидæн азы æмæ гæнæн ис азы кæронмæ фæуа, ис дзы бæрæг заказтæ дæр, кæцытæ ацы завод хъуамæ ратта ахæм егъау компанитæн дæр, цахæм дæр сты Эарбас æмæ Боинг. Фидæн азы кæронмæ, мæнмæ гæсгæ нын уыдзæн уый фадат, цæмæй йæ байгомы церемонимæ уæ æрбахонæм» – расидтис ДавитСаганелидзе.