Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад – президентон æвзæрстытæ, æвзæрстгæнджытæн раттой фадат сæрибар æвзарæн саразын
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад 2018 азы президентон æвзæрстытæм гæсгæ фидиуæн хæлиу кæны.
Фидиуæны мидæг банысангонд у, цæмæй АИШ-æ разы у ЕÆÆО-ы цæстдарæг миссийы развæлгъау хатдзæгимæ, ома 28 октябры президентон æвзæрстытæ конкурентон уавæры ацыдысты æмæ профессион æмвæзадыл уыд администриргонд, кæцы æвзæрстгæнджытæн ратта фадат сарызтаиккой сæрибар æвзарæн.
«Мах разы стæм æхсæнадæмон æмæ бынæттон цæстдарæг организациты мæстыдзинад æвзарæнон процессы уæвæг сахъатты тыххæй, цахæм дæр сты æнæмбæлон амæлттæй æвзæрстгæнджыты мобилизаци æмæ администрацион ресурсæй æнæмбæлгæйæ спайда кæнын. Хаххгондæй нысан кæнæм дыккаг туры ацы сахъатты рараст кæныны нысаниуæг.
АИШ-æ адарддæр кæндзæн æвзарæнон æрдзмæ хъусдардæй цæстдарын. АХсджиаг у цæмæй президентон æвзæрстыты дыккаг тур уагъд æрцæуа æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ, кæцы фадат ратдзæн æмбæстæгтæн, сæрибарæй равдисой сæрмагонд фæнд æвзарæнон асыккы раз. АИШ-ы минæварад йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны хицауадæн, æмбæстагон дзыллæйæн æмæ гуырдзиаг адæмæн бæстæйы демокративон æмæ экономикон рæзынады, сæ нымæцы сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстыты ауадзыны фæндагæй» – банысангонд у минæварады фидиуæны.