Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад  бынæттон  хæдуынаффæйы  æвзæрстыты фæдыл фидиуæн публикаци кæны
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты фæдыл фидиуæн публикаци кæны

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад  бынæттон хæдуынаффæйы  фæдыл  куырдиат публикаци кæны.

«АИШ-æ  разы у  OSCE/ODIHR-ы цæстдарæг  миссийы фыццагон аргълæвæрдимæ,  ома  æвзæрстытæ  техниконæй   дзæбæх  администриргонд уыдысты, фæлæ [æвзарæнон] уавæр  зиангонд уыд уæрæх  ахæлиугонд  æмæ  фæлхатгæ  хъастытæй  тасы æфтауыны, хъæлæсты  балхæды, кандидатты æмæ æвзæрстгæнджытæм хъомысдарыны, æмбæстаг  цæстдарджыты   партийы  минæвæрттæй  æнæмбæлонæй скæнын-спайдайы, æнæмбæрц  архайадон  уавæрты фæдыл, сæ нымæцы,  æвзæрстыты агъоммæ периоды дæр.  Æвзæрстгæнджытæн  куы  уыдис фадат  фылдæр цауы  сабыр уавæрты  схъæлæс кæнын 2 октябры, æвзарæнон процесс,  æрмæст æвзæрстыты бонæй  бирæ стырдæр у. Разы стæм  ODIHR-ы хъыгимæ ахæм фарстæтыл, цахæмдæр у  поляризацигонд  медиаæрдз, ресурсты  нысаниуæгджын дисбаланс, кампанийы  финанстыл æнæгъгъæд цæстдард,  кампанийы  сылгоймæгты  каддæр бæрцæй  хайад, хъусинæгтæ  администрацион ресурстæй  æнæмблæгæйæ  спайда кæныны  æмæ  журналисттæм хъомыс дарыны  фæдыл.

Аргъ кæнæм  бынæттон æвзарæнон   цæстдарæг  организацитимæ,  сæрмагондæй та  «ISFED», «GYLA», «Бирæнацион Гуырдзыстоны»  æмæ   «Transparency International»-æ æхсæнадæн   лæмбынæг  æмæ  балансгонд  аргълæвæрдты  æмæ  æууæнкаг информацийы  бавдисыны тыххæй   кампанийы  периоды æмæ æвзæрстыты бон.   Уыдоны  нысаниуæгджын хайбавæрд  сындæггай  фæхуыздæр кодта    æвзарæнон процесс.  Мæты æфтыд стæм  хъусинæгтæй,  цæмæй  ацы  цытджын  бынæттон   æнæхицауадон организацитæм  уыд  куылымпыдзинæдтæ  æвзæрстыты  процессмæ цæстдарды  рæстæджы», –  банысангонд у  фидиуæны.

АИШ-ы минæварады фидиуæнæй,   администрацион ресурстæй æнæмбæлгæйæ  спайда кæныны фæдыл   нысаниуæгджын   хъусинæгтæ æнæхъæнæй æвзæрстыты   рæстагдзинадмæ зæрдæхсайд   фæзыныны кодтой.

«Паддзахады æмæ  партион  ресурсты æхсæн  арæн куы  фæтар вæййы, уый  мæты æфтауæг у. Администрацион ресурстæй   æнæмбæлгæйæ   спайда кæныны  фæдыл  нысаниуæгджын   хъусинæгтæ æнæхъæнæй æвзæрстыты   рæстагдзинадмæ зæрдæхсайд   фæзыныны кодтой. Бирæ горæтты æмæ хъæуты,  ахуыргæнджыты,  барадхъахъхъæнджыты æмæ  хицауадон сектормæ хъомыс дарын, лæвæрд информацимæ æмбæлгæйæ,   фæкуылымпы кодта  сæрибар æвзæрст  равдисынæн æвзæрстыты  бон.  Ахæм  типы  хæлдтытæ  арæх уыдысты  Гуырдзыстоны  æвзæрстыты, кæцы бынтон иумæнæбадгæ у  Гуырдзыстоны евроатлантикон идеалтимæ.  Ис  тæссаг  риск, цæмæй  ай æмæ æндæр   фæлхатгæ   равгы  æвзарæнон  хæлдтытæ   æнæуромгæ  суой.  Гуырдзыстоны æвзæрстгæнджытæ,  æвзарæнон процессы  рæстагдзинады  бирæ  бæрзонддæр стандартты  аккаг сты», –  дзырдæуы  фидиуæны.

Минæварад хъусын кæны,  цæмæй æвзæрстыты дыккаг тур  у  процесс фæхуыздæры  фадат.

«Ныр партиты  политикон альянстæй  скæныны афон у, цæмæй æнæаргъæвгæйæ  алыг уа  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн нысаниуæгджын   фарстæтæ. Раздæронау,  Гуырдзыстон йæ хъæддыхдзинад æмæ ныфсхастдзинады фæрцы  хъуамæ  бахъом уа бацæусидтытæн демократи аразыны фæндагыл. Алы  æвзæрстытæ  демократон процессы  стынг кæныны æмæ   фæхуыздæры   шанс сты.  2 октябры  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ  спайда кодтой  хъæлæс кæныны,  сæрмагонд  хъуыды дырысæй  сфиксир кæныны æмæ  сæ  политикон  лидерты бæрнондзинад  сифтонг кæныны  иттæг нысаниуæгджын барæй.  Курæг стæм алы партийæ, политикон   ситуацийы  дарддæр   поляризацидзинадæй  хифæуромын, æвзæрстыты фæстæ сабыр уавæр   бахъахъхъæд  æмæ  æвзарæнон хъастыты  рæстагæй, объективонæй   æркæсынæн.  Дыккаг тур у  фадат,  цæмæй  фæхуыздæр уа процесс  æмæ  ацæуа  организацигонд  конкурентон  дыккаг тур, кæцымæ дæр Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн уыдзæн   æххæст  æууæнк.

АИШ-æ хъал у  гуырдзиаг адæмæн йæ фарсмæ кæй  лæууы  дæсгай  азты дæргъы. Адарддæр кæндзыстæм  Гуырдзыстоны  тыхайрхайдтæн фарс хæцын  фидар демократийы, æнтыстджын экономикæ æмæ æдас, стабилон бæстæ  арæзтады  хъуыддаджы», – банысангонд у  АИШ-ы  минæварады  фидиуæны.