Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар окупацион хахх бабæрæг кодта
Гуырдызстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан æмæ ПÆК-ы сæрдары хæдивæг Александр Ходжеванишвили хъæу Одзисы, окупацион хахх бабæрæг кодтой. Информаци ПÆК парахат кæны.
Уагдоны инофрмацимæ гæсгæ, ПÆК-ы бæрнон, минæварæн информаци алæвæрдта окупацигонд Цхинвалы регионæй рацæугæ алы расидæны фæдыл æмæ тæссагдзинады фæдыл. Афтæ дæр хъусдард сцырын ис уыцы проблемæтыл, кæцыты раз лæууынц окупацион хаххмæ æввахс цæрæг бынæттонтæ.
Келли Дегнан ноджы иу хатт банысан кодта, цæмæй АИШ йæ фарсыл хæцы Гуырдзыстоны суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уый ноджы лæмбынæгæй бамбæрста, цæмæй Уæрæсе хъуамæ сыххæст кæна 2008-æм азы йæхиуыл ист хæслæвæрдтæ.
Фæстаг периоды æрцæугæ бордеризацийы фарстатæ тынг стыр тыхстдзинад сидынц, цæй тыххæй дæр æз ардæм æрцыдтæн, цæмæй сæрмагондæй базонгæ уон, цы уавæр ис бынатыл. Уæлдайдæр та Ковид 19-ы рæстæджы, уæд кæд æмæ мах иумæ хъуамæ кусæм. Ауадзгæ пунктыты сыхгæды аххосагæй 13 адæймаг амард сентябры æмæ сæ фервæзын кæныны фадат уыдаит Тбилисы контролы бын уæвæг территорийыл, – банысан кодта минæвар.
Келли Дегнан тыхстдзинад расидтис уыцы дезинформацийы , Лугары лабороторийы ныхмæ арæхт расидæнты фæдыл.
«Лугары лабороторийыл бабырстытæ гæды ныхас æмæ дезинформацийы фæдыл тынг тыхсын», – расидтис Гуырдызстоны АИШ-ы минæвар.