Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад 2008-æм азы Уæрæсе-Гуырдызстоны хæсты фæдыл æппæтдунеон онлайн-конференцийæн сфысым уыдзæн
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад 2008-æм азы Уæрæсе-Гуырдызстоны хæсты фæдыл æппæтдунеон онлайн-конференцийæн сфысым уыдзæн
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад, АИШ-ы æввахс скæсæны институты европон фронты инициативаимæ иумæ, абон сфысым уыдзæн æппæтдунеон онлайн-конференцийæн «Сабырад æмæ æдасдзинад Европайы: деокупацийæн Гуырдзыстоны архайдаыты 12 аз» Берлинæй, Брюселæй, Вашингтонæй, Лондонæй æмæ Парижæй бæрзонд рангы официалон уæнгтæ æмæ дунейы размæцæуæг иртастон центрты бæрнонты хайадистæй, –уый фæдыл Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийы ис фыст.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, мадзал арæзт цæуы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæй 12 азы фæдыл. Конференцимæ æрхуындгонд уазджытæ аргъ раддзысты Уæрæсе-Гуырдызстоны хæсты даргъæмгъуыдон негативон ахадындзинадыл. Ныхас баххæсдзæн окупацигонд регионты æдасдзинад æмæ адæймагы барты хæлды къуымæй уавæрмæ.