Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады фæдыл регуляцитæ скусдзысты конституцийы публикацийы моментæй
Парламенты сæрдары Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны æмбæстагдзинадмæ гæсгæ, ног конституцийæ зæрдылдард регуляцитæ фидæн азы ноябры бæсты, скусдзысты сæ публикацйийы моментæй.
Абоны пленарон радатыл конституцион ивдтыты касты рæстæджы Кобахидзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, ног конституцийæ æндæр бæстæйы æмбæстагдзинады райст, приори нал уыдзæн Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады фесафынæн бындур.
Йæ ныхæстæм гæсгæ æппæтадæмон касты рæстæджы уыдис æнхъарæн, цæмæй æмбæлон нормæ бирæ раздæр скуса. «Конституцийы хизгæ уагæвæрдтæм æфтыд æрцæудзæн ныффыст æмæ куыддæриддæр ивдтытæ публикацигонд æрцæудзысты афтæмæй йæ тыхмæ бацæудзæн фæмбæстагдзинады фæдыл нормæ» – бафтыдта ма спикер.