Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Китайимæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлд йæ тыхмæ хизы
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Китайимæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлд йæ тыхмæ хизы

Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Китайимæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлд  официалонæй  хизы йæ тхмæ.

Фæнысангонды фæдыл Гуырдзыстоны Китайы минæварад публикаци кæны хъусинаг.

«Хъусын уын кæнæм, цæмæй «Китайы  Адамон Республикæйы хицауад æмæ Гуырдзыстоны хицауады æхсæн ординалон  паспортты хицæуатты  визон  домæнтæй дыууæфарсонæй  ссæрибар кæныны фæдыл бадзырдмæ»,  гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæм ис  Гуырдзыстоны архайæг  ординалон паспорттæ,  Пекины рæстæгæй  2024 азы 28 майы  00:00 сахатæй ссæрибар уыдзысты  визæ сисыны хæсæй Китайы Адæмон  Республикæйы территоримæ бахизыны,  рацæуыны кæнæ  уый  транзитæй  ацыды тыххæй. Уыимæ, алы бацыдыл, уæвыны æмгъуыд ма хъуамæ уа 30 бонæй фылдæр,  æрмæст уæвыны æмтгæйон  æмгъуыд ма хъуамæ уа  90 бонæйы фылдæр  кæцыфæнды 180 бонон периоды.

Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæм ис Гуырдзыстоны архайæг ординалон паспорттæ æмæ хъавынц Китайы Адæмон Республикæйы территорийыл баззайын 30 бонæй фылдæр рæстæджы дæргъы, цæрын, кæнæ кусын райдаын, ауыр кæнæ медиафæрæзы  кусын кæнæ æндæр типы   куыст, кæцыйæн хъæуы Китайы компетентон оргæнтæй  рагафон  барлæвæрд,  хæсджын  сты, Китайы Адæмон Республкæйы  территоримæ бацыды размæ, бахæссой  куырдиат  æмбæлон визæ райсынæн», –  банысангонд у Китайы минæварады публикацигонд информацийы.