Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæ æнæвизон режимы халынц, санкцитæ уыдзæн нысангонд
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæ æнæвизон режимы халынц, санкцитæ уыдзæн нысангонд
Мах фæныхас кодтам уый фæдыл, цæмæй нæ æмбæстæгтæн, кæцытæ æнæвизон змæлды режим халынц уа вæрд санкцитæ, цæмæй мах бавæрæм уыцы стыр æнтыстдзинад, кæцымæ бæстæ стыр фыдæбоны фæстиуæг баххæсыд – уый фæдыл юстицийы министр Тея Цъулукъиани премьер-министр Гиоргий Къвирикашвилиимæ абоны фембæлды фæстæ расидтис.
Гиоргий Къвирикашвили визалиберализацийы фæдыл расидæнтыл уæлвæтк фембæлд сарæзта
Гуырдзыстоны хицауад визалиберализацийы фæдыл расидæнты æрбинынгы нысанæй, къахдзæфтæ сарзын план кæны – ацы темайыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили уæлвæткон фембæлд сарæзта, кæцыйы вице-премьертæ, æттаг хъуыдтæгты министр æмæ мидхъуыдтæгты министр истой хайад.
Фембæлдыл фæуынаффæ кодтой уыцы къахдзæфтыл, кæцыты авæрд тагъд рæстæджы у плангонд, цæмæй Евроцæдисы бæстæтæм политикон статусы курджыты нымæц ма сырæза æмæ уый визалиберализацийы тобæкæныны аххосаг ма суа.