Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн ис фадат Сербимæ æнæвизайæ ныццæуын
Снысангонд информаци Сербийы æттаг хъуыдтæгты министрады веб-фарсыл ис парахатгонд. Æнæвизон змæлды фæдыл документыл къух, 7-æм марты, Белграды Гуырдзыстоны вице-премьер Михаил Джанелидзе визиты рæстæджы æрфыста.
8-æм марты документ Сербийы хицауад сбæлвырд кодта. Уый фæстæ официалон ралæвæрды рапарахат ис æмæ йæ тыхмæ бацыд.
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизон змæлды фадат Сербимæ 30-боны онг уыдзæн лæвæрд.