Гуырдзыстоны æмæ Швейцарийы Конфедерацийы президенттæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæр афæлгæстой
АИШ-ы кусæн визитæй уæвæг Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Швейцарийы Конфедерацийы президент Алан Берсеимæ фембæлдис.
Гуырдзыстоны президенты пресс-куысты информацийæ, фембæлд ИНО-йы штаб-хæдзары ацыд æмæ дзырд уыдис куыд дыууæфарсон æмгуыстады фарстатыл, афтæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæрыл.
«Гуырдзыстоны президент раарфæ кодта Алан Берсейæн Швейцарийы æрдгæй медиаторы ролы сыххæсты æмæ оккупацигонд территоритыл нæ æмбæстæгты дзæбæхдзинад фæхуыздæры цы тыхархайд ракодта, уый тыххæй.
Президенттæ æркастысты дыууæфарсон æмгуыстады фарстатæ профессион ахуыры, энергетикæйы æмæ æрдзы хъахъхъæды æрдгæй, афтæма гендерон æмбарад стынг кæныны, хæххон спорты æмæ курортты æрдгæй», банысангонд у президенты пресс-куысты ахæлиугонд информацийы.