Гуырдзыстоны æмæ Хъазахы авиацион хицæуæдты æхсæн бафыстæуыд уæлдæфон дыууæрдæм змæлды фæдыл æмбарынады меморандум
Малайзийы горæт Куала-Лумпуры даргъ кæнынц æппæтдунеон æмбæстагон авиацийы организацийы (ICAO) æххуысæй æхсæнадæмон бадзырдтæ -(ICAN2024). Мадзалы фæлгæтты, Гуырдзыстоны æмæ Казахстаны авиацион хицауады æхсæн æмбарады меморандум бафыстой.
Фарсыты къухфыст меморандуммæ гæсгæ, гуырдзиаг авиакомпанитæн фадат уыдзæн комкоммæ регулярон уæлдæфон змæлд сæххæст кæнын Казахстаны ноджы 12 горæты æрдæм. Меморандумы нысангонд уæлæмхас нысангонд пункттæ сты ахæм стыр горæттæ, куыд Шымкент, Актюбе, Караганда, Къостанай, Тараз, Семей æмæ æндæртæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ныронг Гуырдзыстоны æрдыгæй снысангонд авиакомпаниты регулярон рейстæн бар уыд Астанамæ, Алматы æмæ Актаумæ.
Æмбæстагон авиацийы агентады сæргълæууæг, Гиви Давиташвилийы ныхасмæ гæсгæ, баххæстгонд бадзырд фæхуыздæр кæндзæн гуырдзиаг авиакомпаниты бацыд Казахстаны авиацион базармæ æмæ ахъаз уыдзæн дыууæ бæстæйы æхсæн авиацион змæлды дарддæры рæзтæн.
Ныртæккæ Air Astana, FlyArystan æмæ SCAT авиакомпанитæ æххæст кæнынц уæлдæфон змæлд Гуырдзыстоны æмæ Казахстаны горæтты æхсæн.
Информаци æмбæстагон авиацийы агентад парахат кæны.