Гуырдзыстоны æмæ Канадæйы æхсæн уæрæх форматы политикъон консультацитæ ацæудзысты
Гуырдзыстоны  æмæ Канадæйы  æхсæн уæрæх  форматы  политикъон  консультацитæ ацæудзысты

Тбилисы абон  Гуырдзыстоны æмæ Канадæйы  æхсæн  ауæрæхгонд  форматы  политикон   консультацитæ   райдайдзæн.

Гуырдыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады   информацийæ, ацы  нысанæй Гуырдзыстонмæ æрцыд   Канадæйы делегаци, Канадæйы  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæгы  Стефани  Бекъы  къухдариуæгæй.

Гуырдызстоны æддæ хъуыддæгты  уагдоны хъусинагæй,   ацы визит  сæрмагонд  нысаниуæгджын у уыцы  фактыл  зæрдыл  даргæйæ,   ома Канадæ  2018  азы   Стыр Авды  сæрдар бæстæ у.

Политикон   консультацитæн   гуырдзиаг фарсы æрдгæй  Гуырдызстоны æддæ хъуыддæгты  мнистры  хæдивæг  Хатуны  Тотладзе къухдариуæг кæндзæн.

«Консуцльтациты рæстæджы æркæдзысты  Гуырдзыстон-Канадæйы  дыууæфарсон   ахастытæ,   оккупацигонд Гуырдзыстоны  территортыл  сырæзт уавæр,   æмгуыстад  хъахъæнынады  къабазы, Гуырдзыстон æмæ Канадæйы  æхсæн дыууæфарсон  базарадон-экономикон  ахастыты   рапарахаты  перспективæтæ.   Гуырдызстоны  уагдæтты  æмæ фæсарæн хъуыддæгты минисрады  департаментты  минææрттимæ иумæ,  консультациты   хайад исдзысты  Гуырдызстоны æмæ  Канадæйы минæвæрттæ» хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады.

Гуырдызстоны  æмæ Канадæйы  æхсæн уæрæх  форматы  политикъон  консультацитæ абон райдайдзысты æмæ 24  апрелы  фæуыдзысты.