Гуырдзыстоны æмæ Эстонийы президенттæ Гуырдзыстоны Европаг æмæ Евроатлантикон интеграцийы процесс æркастысты
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Эстонийы Республикæйы президент Керсти Калиьюлайдимæ фæныхас кодта.
Президенты пресс-куысты информацийæ, видео-конференцийы фæрцы ныхасы рæстæджы фарсытæ «Ковидæй» равзæргæ уавæр æмæ дыууæдæр бæстæйы вакцинацийы программæйы фарста æркастысты. Бахахх ис бæстæйы экономикæйы сæндидзын кæныны туризмы скусын кæныны нысаниуæг дæр.
«Гуырдзыстоны президент Эстонийы Республикæйы президенты Батумы конференцимæ фæхуыдта æмæ йын уыцы инициативæйыл радзырдта, кæцы Батумы æхсæнадæмон конференцийы фæлгæтты Евроцæдисы æртæ ассоциацигонд партнеры саммиты организацидзинад дары йæ хъуыдыйы», – дзырдæуы президенты пресс-куысты информацийы.
Афтæма сæ информацийæ, Гуырдзыстоны президент хъусдард раздæхта хурыскæсæн партнерад фæарфдæры нысаниуæгыл æмæ ныфс равдыста, цæмæй 202æ азы гæнæн уыдзæн саммит ауадзын.
«Гуырдзыстоны президент ныхасы рæстæджы хъусдрад раздæхта НАТО-имæ киберæдасдзинады, Сау денджызы æдасдзинады æмæ Афгъанистаны фарстæтыл æмгуыстады нысаниуæгы æрдæм.
Фарсытæ Афгъанистаны уæвæг уавæрыл фæдыл сæ хъуыдытæ баивдтой. Йæхи æрдгæй президент Кльюлайд Саломэ Зурабишвилийæн Афгъанистанмæ визиты фæдыл информаци базонын кодта», – банысангонд у президенты пресс-куысты информацийы.