Гуырдзыстоны æмæ Израилы хицæуæдты æхсæн туризмы сферæйы æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыстæуыд

13:47, 03.05.2023

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгт министр Илиа Дарчиашвили Израилы паддзахадмæ  визиты фæлгæтты туризмы министр Хаим Кацимæ фембæлдис.

Æддагполитикон уагдоны хъусинагæй,  фембæлдыл сæрмагонд  хъусдард здæхт уыдис  Израил-Гуырдзыстоны æхсæн  базарадон-экономикон   æмæ туризмы сферæйы  æмгуыстад фæарфдæр кæныны æрдæмадтæм.

Фембæлды фæлгæтты  къух бафыстой – «бадзырдыл Гуырдзыстоны  хицауады æмæ Израилы Паддзахады  хицауады æхсæн  туризмы сферæйы æмгуыстады  фæдыл».

Хуыздæр