Гуырдзыстоны æмæ Германийы юстицийы министртæ æмгуыстады ног форматыл æрдзырдтой
Юстицийы министрады хъусинагæй, Гуырдзыстоны æмæ Германийы Федеративон Республикæйы юстицийы министртæ æмгуыстады ног форматыл æрдзырдтой. Дыууæ бæстæйы юстицийы министртæ æмгуыстад фæарфдæр кæныны, Прагæйы юстицийы æмæ мидхъуыддæгты министрты конференцийы фæлгæтты организацигонд фембæлдыл фæныхас кодтой.
Уагдоны хъусинагæй Гуырдзыстон æмæ Германийы Федеративон Республикæйы æхсæн æмгуыстад интенсивон дæр суыдзæн æмбæстагон æмæ тугтæрхоны барады сферæйы нырыккон пенитенцион æмæ пробацийы системæйы фæткдæттыны æрдæтгæй; сыххæст уыдзæн реабилитацийы æмæ ресоциализацийы программæтæ пенитенцион æмæ пробацийы системæт; гуырдзиаг фарс немыцæгты фæлтæрддзинад райсдзæн æнахъомты расттæрхоны сферæйы; Немыцаг эксперттæ гуырдзиаг закъондæттынады Евроцæдисы барадимæ гармонизацийы процессмæ баиу уыдзысты.
Германийы юстицийы министр гуырдзиаг коллегæ Рати Брегадзейы официалон визитæй Берлинмæ фæхуыдта.
Юстицийы министр Рати Брегадзе Чехы сæйраг горæт Прагæмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты министериалы хайад райсыны нысанæн ныццыд. Конференцийыл афтæдæр сты Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинайы юстицийы министртæ.