Гуырдзыстоны æфсæнвæндаг Эннио Морриконейы концертмæ уæлæмхас рейс снысан кодта

13:01, 07.05.2018

Гуырдзыстоны  æфсæнвæндаг  Эннио Морриконейы  концертмæ  уæлæмхас  рейс  снысан кодта.

19 майы   концертмæ бацæуын кæй  фæнды,  уыдонæн алæккад кæндзæн  «Штадлеры» дыууæладзыг  поезд.

Поезд Тбилисæй  14:10  сахатыл ацæудзæн æмæ  «Блек Си Аренæйы» цур уæвæг  станцæмæ ныххæццæ уыдзæн  18:30  сахатыл.

Концерты фæуды фæстæ та,  поезд  уыцы станцæйæ  Тбилисы æрдæм 00:05  сахатыл рацæудзæн æмæ сæйраг сахары  уыдзæн  04:25 сахатыл.

Билетты  балхæнын   æфсæнвæдаджы  централон  станцæйы  кассæты,  æфсæнвæндаджы   официалон  веб-фарсыл  æмæ аппликацийы  фæрцы  дæр ис гæнæн.

«Блек  Си Аренæйы»  2018  азы  сезон, 19 майы   легендарон   композиторы, Эннио Морриконейы  концертæй  байгом уыдзæн.

Хуыздæр