Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы делегаци Анкарайы Астæу Къæлидры иумæйаг æмбырды райста хайад
Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы делегаци Анкарайы Астæу Къæлидры иумæйаг æмбырды райста хайад

Гуырдзыстоны  æфсæнвæндаджы делегаци, генералон  директоры  къухдариуæгæй, Анкарайы   транскаспиаг  æхсæнадæмон   транспортон   маршруты (Астæу къæлидор)  фæткдæттæг æмæ иумæйаг æмбырдты  фембæлдты  райста хайад.  Информацийæ Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы  пресскуыст   хуъсын кæны.

«Астæу къæлидоры  хайадисæг  бæстæты æфсæнвæндагон  администрациты, портон  инфраструктурæйы æмæ  денджызон уæзты ласджыты къухдариуæггæнджытæ 2023   азы   дæргъы  сæххæст куысты  хыгъдлæвæрд  æмæ фæстиуджытæ  бавдыстой, афтæма  2024 азы  плантыл  фæныхас кодтой.

Анкарайы транскаспийаг  æхсæнадæмон   транспортон  маршрутмæ  нывонд   а.х.  тымбыл фынг дæр ацыд. Дискусситы, кæцытæ  астæу  къæлидоры   уæвæг  расидтытæм æмæ перспеткивæтæм æххæссыд, æхæнадæмон институтты эксперттæ, уæзтыхицæуттæ,  форвардертæ, Турчы æмæ  астæу къæлидоры  бæстæты бизнесзылдты  минæвæрттæ  истой хайад.

Афтæма хъуамæ банысанæуа, цæмæй  визиты фæлгæтты  Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ Хъазахы  æфсæнвæндæгты  бындурæвæрд  иумæйаг   компанийы, «Middle coridore Multimodal LTD»-ы къухдариугады  фыццаг  иумæйаг æмбырд ацыд.

Фембæлдыл  ногбындурæвæрд   компанийы æрдгæй æввахс  мæйты  сыххæсткæнинаг   организацион  æмæ операцион   куыстытæ  афæлгæстой», –  банысангонд у æфсæнвæндаджы  ахæлиугонд  информацийы.