Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министрад – Æввахс Скæсæны уавæрмæ лæмбынæгæй хъус дарæм арф тыхстæй, бахахх кæнæм деэскалацийы къухы бафтын кæныны тыххæй дипломатон тыхархайдты нысаниуæгдзинад
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад лæмбынæгæй кæсы Æввахс Скæсæны уавæрмæ арф тыхстдзинадимæ. Акцент кæнæм дипломативон архайды нысаниуæгдзинад, цæмæй æххæст æрцæуа деэскалаци æмæ сифтонг кæна регионы стабилондзинад – уый фæдыл Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министрады расидæны ис фыст.
Æдтаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, регионы бæстæты уæвæг Гуырдзыстоны минæварадтæ цæттæ сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æххуыс бакæнынмæ куыд бахъæуа афтæ.
«Сидæм Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, æххæст кæной официалон амынддзинæдтæ æмæ райсой алы æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ сæхи æдасдзинадæн.Регионы бæстæты уæвæг Гуырдзыстоны минæварадтæ æххæстæй кусынц æмæ цæттæ сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн куыд бахъæуа, афтæ æххуыс бакæной» -ис фыст фидиуæны.