Гуырдзыстоны адвокатты ассоциаци абон æвзары ног сæрдары
Гуырдзыстоны адвокатты ассоциаци абон æвзары  ног  сæрдары

Гуырдзыстоны  адвокатты ассоциацийы  сæрдæрттæм  æвзæрстыты  дыккаг турме регистраци уагъд цæуы  Спорты галуаны , æрмæст хъæлæскæнынад райдайдзæн  15:00 сахатыл  æмæ 18:00 сахаты онг аххæссдзæн.  Æвзæрстыты фæстиуджытæ бæрæг суыдзысты  боны кæрон.

Æвзæрстыты   дыккаг туры   2 кандидат Леван Джанашиа æмæ   Давит Асатиани   сты регистрацигонд, фæлæ  Джанашиа дыккаг туры  хайадыл  нал сразы ис.  Фыццаг Каналимæ   телефонон ныхасы рæстæджы   куыд загъта афтæмæй,   дыккаг туры  хайад нал исы  уый тыххæй цæмæй,  9-æм декабры уагъд æвзæрстыты фæстиуджытæ фæмæнг сты  зæгъгæ, æмæ сыл бахъаст кодта.

Адвокатты ассоциацийы  æххæстгæнæг нымæрдары Инга  Беридзейы  фидиуæнæй,   æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй  адвокатты  ассоциацийы  сæрдæрттæм æвзæрстыты  дыккаг туры  хайадыл нæзагъд ракодта,   Леван Джанашиа   нымад  цæуы регистрацигонд кандидатæй.   Беридзе куыд дзуры афтæмæй,    адвокаттæ  абон  сæрмагонд æвзæрст сараздзысты  Леван Джанашиа æм Давит Асатианийы æхсæн, кæцытæ регистрацигонд сты   æвзæрстыты дыккаг турмæ.

Гуырдзыстоны адвокатты  ассоциацийы сæрдары бынатмæ æвзæрстыты  фыццаг тур 9 декабры  ацыд.  Дыккаг  т уры  саразын та уымæн бахъуыд, цæмæй   иуæй-иу  кандидат  Давит Асатианийы фарсхæцджытæ,  камисы  цалдæр уæнгы  фæазымджын кодтой  фæстиуджыты фæмæнг кæныны.

Дыккаг турмæ ахызтысты  сегасæй фылдæр хъæлæсты чи æрмбырд кодта  уыцы дыууæ кандидат, Давит Асатиани -1129, æмæ  Леван Джанашиа –  635 хъæлæс.