Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг Тбилисы сакребулойы деппутаты æрдгæй æнхъæлцау сексуалон æмæ физикъон тыхмидзинады фæдыл фидиуæн аразы
Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг дзуапп дæтты ахæлиугонд информацийыл. Тбилисы сакребулойы депутаты æрдгæй йе мкусæгы æрдæм ракæнгæ гæнæн сексуалон æмæ физикон тыхмидзинады фæдыл. Адæмон барты хъахъхъæнæгы аапарт информаци ракурыны нысанæй нырид басидтис барадхъахъхъæнæг оргæнтæм æмæ уымæ лæвæрд мандаты фæлгæтты мониторингы кæндзæн фæдæвзарæны цыд.
«Фарстайы уæзы тыххæй Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæг сиды гуырдзыстоны генералон прокуратурæмæ эффективон фæдæвзарæн ауадза, уый нымæцы афоныл ацæуа алы хъæугæ фæдæвзарæн æмæ æндæр процессон мадзал. Уыйимæ иумæ, нысаниуæгджын у иппæрст æрцæуа алы гуырысхо хъуыддаджы объективондзинадмæ гæсгæ кæнæ политикон интерестæ зæрдыл дарыны æрдгæй æмæ фæдæвзарæг уагдон, активон æмкуыст кæна æнхъæлцау амæттагимæ æмæ йæ минæвæрттимæ.
Иттæг ахсджиаг, дзыллæ йæ зæрдыл дара, цæмæй Гуырдзыстоны æнæиу сылгоймаг у тыхмидзинады амæттаг. АМæттагæн скуыддзаггæнг нысаниуæг ис дыллæ йæ фарс куы рахæцы уымæн, цæмæй бафæразой тыхмион фæлтæрддзинадыл хъæрæй дзурын æмæ сæрмагонд бартæ бахъахъхъæнын. Хъыгагæн уæлдæрбанысангонд цауы касты рæстæджы дзыллæйы бæрæг хай, къаддæр ыд солидарон æнхъæлцау амæттагмæ, зылынджын æй кодта æмæ хæлиу кодта йæ намыс æмæ джелбетт æфхæрæг информаци, кæцы категорионæй нæрайсгæ у» – дзырдæуы адæмон барты хъахъхъæнæгы фидиуæны.
Сакребулойы депутаты, Исанийы мажоритар Илиа Джишкарианийы йæ æххуысгæнæг, Тамта тодадзе тыхмидзинады аххосджын кæны. Мидхъуыддæгты министрады бæлвырд кæнынц. Цæмæй хуъыддагыл фæдæвзарæн райдыдта тугтæрхоны барады кодексæй: 126 стати- тыхмидзинад, 138-æм стати – сексуалон равгы æндæр митæ æмæ 187-æм – мигæнæны базиан кæнын кæнæ скуынæг.