Гуырдзыстоны ацы рæстæгмæ коронавирусы 399 цау у бæлвырд, уыдонæй 93 сдзæбæх сты
Гуырдзыстоны коронавирусы ноджы фондз ног цау рабæрæг ис . Уый фæдыл бæрæггæнæнтæ, хицауады специалон веб-фарсыл цъус рæстæг размæ ранæуæг сты.
Веб-фарсы информацийæ, ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны коронавирусы 399 цау у бæлвырд, уыдонæй 93 сдзæбæх сты.
Афтæма фæсарæнтæй, схос кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусы фæстиуæгæн бæстæйы цыппар пациент фæмард.
Карантины режимы сты 4782 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 503.