Гуырдзыстоны ацы рæстæгмæ коронавирусы 336 цау у бæлвырд, уыдонæй 74 сдзæбæх сты
Гуырдзыстоны коронавирусы 30 ног цау рабæрæг ис . Уый фæдыл бæрæггæнæнтæ, хицауады специалон веб-фарсыл цъус рæстæг размæ ранæуæг сты.
Веб-фарсы информацийæ, ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны коронавирусы 336 цау у бæлвырд, уыдонæй 74 сдзæбæх сты.
Афтæма фæсарæнтæй, схос кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусы фæстиуæгæн бæстæйы æртæ пациент фæмард.
Карантины режимы сты 5000 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 494