Гуырдзыстоны ацы рæстæгмæ коронавирусы 108 цау у бæлвырд, уыдонæй 20 пациент сдзæбæх сты
Гуырдзыстоны коронавирусы ноджы фондз ног цау рабæрæг ис. Информаци уый фæдыл фæзындис Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарс stopcov.ge -ыл.
Уымæ гæсгæйæ, ацы рстæгмæ Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчыны 108 цау у бæлвырд, уый нымæцы вирусæй сдзæбæх сты 20 адæймаг.
Карантины сты 5114 адæймаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 263 уæнг.