Гуырдзыстоны ацы рæстæгмæ коронавирусæй инфицирады 306 цау у бæлвырд, уыдонæй 69 пациент сдзæбæх сты
Гуырдзыстоны коронавирусы ноджы æхсæз ног цау рабæрæг ис . Уый фæдыл бæрæггæнæнтæ, хицауады специалон веб-фарсыл цъус рæстæг размæ ранæуæг сты.
Официалон информацийæ, ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны коронавирусы 306 цау у бæлвырд, уыдонæй 69 сдзæбæх сты.
Афтæма фæсарæнтæй, схос кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусы фæстиуæгæн бæстæйы æртæ пациент фæмард.
Карантины режимы сты 4990 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 462.