Гуырдзыстоны абонæй арæнвæрдтæ сархайдтой
Гуырдзыстоны уæвг эпидемиологион уавæры фæдыл, премьер-министры къухдариуæгæй архайæг уагдæттыæхсæн кординацион совет, дыууæ боны размæ бæстæйы локалон арæнвæрдты фæкарз æмæ ауæрæхгы æскъуыддзаг райста.
28 ноябрæй -31 æм январы нымадæй бæстæйы масштабæй тобæгонд у:
– 21:00 сахатæй 05:00 сахаты онг транспорты æмæ фистæгæй змæлд, афтæ дæр бæстыхæйтты уæвын, 31 æм декабры æхсæв æмæ цыппурсы æхсæв -6 январы уыдзæн бар змæлдæн;
– горæтты æхсæн змæлд
– ресторанты æмæ кафеты куыст
-спортивон залты куыст
-алы хуызы конфернци, тренинг, культурон ирхæфсæн мадзалы ауагъд – онлайн формат ис гæнæн.
Стыр горæтты –Тбилис, Батум, Кутаис, Рустав, Гур, Поты, Зугдиды, Телавы æмæ курорттыл Бакуриан, Гудаур, Годердзи æмæ Местийы уыдзæн арæнвæрдтæ:
– муниципалон транспорты куыст
-базарадон объекттæ
– гом æмæ æхгæд тыгъдады базартæ нæ кусынц, кусынц æрмæст аграрон базартæ.
-скъолатæ æмæ ахуырдæттæ кусынц æрмæст дистанцион режимы,
– рæвдауæн дæттæ уромынц куыст.
24 декабрæй – дыгкæгæм январы периоды тобæдзинæдты фæлæмæгъ райдайдзæн
– райдайдзысты кусын комерцион центрæ æмæ æхгæд базартæ
-сног уыдзæн куыд муниципалон афтæ дæр горæтты æхсæн транспорты змæлд
3 январ -15 январ бæстæйы масштабæй:
– бæстæйы улæфæн бонтæ ис
– сног уыдзæн алы уыцы тобæдзинад кæцы архайдты 28 ноябрæй – 24 декабры онг
16 январ -31 январ – бæстæйы масштабæй:
– сног уыдзæг транспорты змæлд, комерцион объектты куыст базарты куыст(сабат æмæ хуыцаубоны рацухæй»
– сабат æмæ хуыцаубон транспорт æмæ базарадон объекттæ уромынц куыст.
Ацы периоды рæстæджы арæнвæрдтæ нæ хауынц æндæр экономикон куыстмæ, се æхсæн:
– хицауадон æмæ сæрмагонд амадон куыст
– банкъон æмæ финансон куыст
– халсары , афтекты, зоодуканиты, ветафтекты куыст
– гигиенайы æмæ химион æрмæджыты, прессайы дуканиты
-диливер æмæ бынатмæ бахасты сервистæ
-автотехслужбæтæ æмæ эстетикон медицинайы куыст
-аграрон базарты куыст
-нæ тобæ кæны рæуæг автомобилты æмæ такситы змæлд