Гуырдзыстоны абон стыр дымгæ у æнхъæлмæкæсинаг
Гуырдзыстоны æнæхъæн територийыл абон стыр дымгæ у æнхъæлмæкæсинаг – уый фæдыл фыццаг къаналæн æрдзы националон агентады расидтысты.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, скæсæн Гуырдзыстоны иуæй иу районты æмæ Тбилисы дымгæйы тагъдад 20-25 метрмæ баххæсдзæн, ныгуылæн Гуырдызстоны та 20 метр секунды.
Уæлдæфы температурамæ та цы хауы, ныгуылæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у 15-20 градусмæ, скæсæн регионы та уæлдæфы температурæ 17-22 градусмæ баххæсдзæн, Тбилисы абон 19-21 градус сфиксир уыдзæн, уыдзæн стыр дымгæ æнæ къæвдайæ.